Президент акафыд симд Хетæджы Къохы

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент акафыд симд Хетæджы Къохы
Президент акафыд симд Хетæджы Къохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфæ кодта Ирыстоны цæрджытæн Хетæджы боны фæдыл æмæ хайад райста массон кафт симды

ЦХИНВАЛ, 10 июл — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий хайад райста Хетæджы боны цытæн бæрæгбонон мадзæлтты Цæгат Ирыстоны, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Хетæджы къох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сыгъдæг Хетæджы бон къохы алыварс акафдзысты 3-километрон симд

Цæгат Ирыстон —Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ Бибылты Анатолий раарфæ кодта Ирыстоны цæрджытæн бæрæгбоны фæдыл.

"Абон у стыр бæрæгбон. Ирыстоны, цæгаты дæр æмæ хуссары дæр кувынц Хетæгмæ, æрцæуынц ацы сыгъдæг къохмæ, цæмæй бафæдзæхсой се ʻввахс адæмы æмæ кæстæрты. Фехъуысæд йæм нæ куывдтытæ æмæ алкæцы бинонтӕ дæр хайджын уæд фæрныгадæй. Ацы куывдтытæ абон иу кæнынц æппæт Ирыстоны", — загъта президент.

Бибылты Анатолий ма хайад райста массон симды дæр.

Ирыстоны кадджындæр бæрæгбӕттæй иу — Сыгъдæг Хетæджы бон нысан цæуы июлы дыккаг хуыцаубоны. Бæрæгбонон мадзæлтты сæйраг бынат у Хетæджы Къох, уырдæм æрæмбырд вæййы дæсгай мин адæймæгтæ.

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент акафыд симд Хетæджы Къохы
Президент акафыд симд Хетæджы Къохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Президент акафыд симд Хетæджы Къохы
© Пресс-служба президента РЮОПрезидент акафыд симд Хетæджы Къохы
Президент акафыд симд Хетæджы Къохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Президент акафыд симд Хетæджы Къохы
1/2
Президент акафыд симд Хетæджы Къохы
2/2
Президент акафыд симд Хетæджы Къохы
Ног хабӕртты лентӕ
0