Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Мӕскуыйы

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Мӕскуыйы
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕскуыйы райдыдтой бадзырдтӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕддагполитикон ведомствӕты сӕргълӕуджытӕ Медойты Дмитрий ӕмӕ Сергей Лавровы хсӕн

ЦХИНВАЛ, 10 июл — Sputnik, Мария Шелудякова. Хуссар Ирыстон цӕттӕ у Уӕрӕсеимӕ ӕддагполитикон бастдзинӕдтӕ ноджы сфидардӕр кӕнынмӕ ӕмӕ активонӕй уыцы фӕдыздӕхты кусынмӕ, фехъусын кодта республикӕйы ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий, йӕ уӕрӕсейаг коллегӕ Сергей Лавровимӕ фембӕлд байгом кӕнгӕйӕ.

Медойты Дмитрий фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хуызы Уӕрӕсемӕ ӕрцыд фыццаг хатт. Лавров сӕмбӕлд хуссарирыстойнаг делегацийыл ӕмӕ раарфӕ кодта Медойы фыртӕн ацы бӕрнон бынаты йӕ снысаны тыххӕй. Уымӕй дарддӕр ма Сергей Лавров банысан кодта зӕрдылдарӕн датӕ — 25 азы сӕххӕст Сочийаг бадзырдтӕ бафыссыныл, кӕцытӕ Хуссар Ирыстоны ӕрурӕдтой тугкалд.

Хуссарирыстойнаг дипломат дӕр банысан кодта, 2017 азы дыууӕ бӕстӕйы кӕй нысан кӕнынц дипломатон ахастыты 25-азон юбилей.

"Тынг ӕхсызгонӕй ӕрымысын Мӕскуыйы нӕ минӕварады куысты фыццаг ӕзтӕ, уе стыр ӕххуыс. Цалдӕр боны фӕстӕ — 14 июлы мах нысан кӕнӕм Фидауынгӕнӕг тыхты баконды 25 азы юбилей. Хуссар Ир тынг бузныг у Уӕрӕсейӕ, уӕд сабырад кӕй ӕрхаста йӕ зӕхмӕ, уый тыххӕй", — загъта Медойты Дмитрий.

Уый ма бахахх кодта, 2008 азы хъуыстгонд цауты фæстæ дæр Хуссар Ирыстоны адæм кæй никуы ферох кæндзысты Уæрæсейы стыр æххуыс: хæсты рæстæджы, йæ фæстæ.

"Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны къæхдзæф у нысаниуæгджын бæстæйы историйы æмæ дыууæварсон ахастыты" — загъта Медойты Дмитрий.

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Мӕскуыйы
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Мӕскуыйы
© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Мӕскуыйы
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Мӕскуыйы
1/2
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Мӕскуыйы
2/2
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Мӕскуыйы

Дыууæ бæстæты æддагполитикон ведомствæты сæргълæуджыты фембæлд цæуы Уæрæсейы ФХМ райстыты хæдзары Мæскуыйы. Развæлгъау бæрæг у, фембæлды дзырд кæй цæудзæн дыууæварсон ахастыты сæйраг фарстытыл, стæй ма Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон позицитæ сфидар кæныныл.

Медойты Дмитрий 2002 æзæй уыд Мæскуыйы Хуссар Иры минæвар. Бибылты Анатолий президентон æвзæрстытæ куы рамбылдта, уый фæстæ Медойты Дмитрий бацыд хицауады скондмæ — нысан æрцыд республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0