Ансамбль "Алан" хайад райсдзæн дунеон фестиваль "Славяйнаг базар"-ы

© Sputnik / Ада БагианВыступление ансамбля "Симд" к 7-летию признания независимости РЮО
Выступление ансамбля Симд  к 7-летию признания независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фестиваль цæудзæн Витебскы, "Алан" аивадуарзджытæн равдисдзæн 16 кафты

ЦХИНВАЛ, 10 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны адæмты хæлардзинады ордены паддзахадон академион кафты ансамбль "Алан" хайад райсдзæн XXVI-æм аивæдты дунеон фестиваль "Славяйнаг базар"-ы, хъусын кӕнынц РЦИ-А культурæйы министрады.

Алани ӕмӕ Абхаз ралӕууыдысты иу сценӕйыл Сухумы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алани ӕмӕ Абхаз ралӕууыдысты иу сценӕйыл Сухумы

Ансамбль "Алан"-ы концерт ацæудзæн Витебскы областон филармонийы бæстыхайы.

"Алан" Витебскы архайдзæн 26-æм аивæдты дунеон фестиваль "Славяйнаг базар"-ы. 12 июлы хъуыстгонд коллектив ратдзæн концерт. Аивадуарзджытæ фендзысты 16 кафты. 13 июлы та "Алан" архайдзæн фестиваль гомгæнæн кадджын мадзæлтты", — хъусын кæны уагдоны сайт.

"Славяйнаг базар" саразынц æрвылаз Беларусы æмæ йæ хæс у, сæ культурæтæ æмхуызон кæмæн сты, ахæм бæстæты сфæлдыстадон тыхтæ баиу кæнын æмæ се ʻхсæн хæлар ахастдзинæдтæ сфидар кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0