Джиоты Вероника ныссадздзæн фыццаг бæлас стъалыты аллейы Новосибирскы

Рафыссын
Ирыстонæй ацæугæ оперон стъалы Джиоты Вероника ныссадздзæн фыццаг бæлас Театралон стъалыты аллейы Новосибирскы

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik. Джиоты Вероника ныссадздзæн фыццаг бæлас Театралон стъалыты аллейы Новосибирскы, хъусын кæны Ossetia News.

Джиоты Вероника радзырдта йе ‘сфӕлдыстадон фӕндаджы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Вероника радзырдта йе ‘сфӕлдыстадон фӕндаджы тыххӕй

Аллейæн бындур æрæвæрдзысты 13 июлы, новосибирскаг опера æмæ балеты театры цур скверы.

Фыццаг бæлас ныссадзыны бар лæвæрд æрцæудзæн Джиоты Вероникайæн. Дунейы хуыздæр сценæйыл йæ арæхстдзинад æвдисгæйæ, уый уæддæр у иузæрдион Новосибирскаг оперæйыл.

Театралон аллей саразыны хъуыды æрцыд новосибирскаг театры сæйраг режиссер Вячесав Стародубцевмæ.

"Мах фæнды, цæмæй театралон аллей, кæцы йæ истори райдайдзæн 2017 азы июлы, кæна уæрæхдæр æмæ суа Новосибирскы цæрджыты уарзон бынат, куыд нæ театр, афтæ", — банысан кодта Стародубцев.

Опера æмæ балеты новосибирскаг театр у Уæрæсейы раззагондæр музыкалон-театралон коллективтæй иу. Йæ бæстыхай у иууыл егъау театралон бæстыхай УФ-йы, уый у федералон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм цыртдзæвæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0