Рӕмонаты Сослан UWW-ы рейтингы схызт фыццаг бынатмӕ

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæСослан Рамонов
Сослан Рамонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъӕбысхӕсты баиугонд дунейы (UWW) ивгъуыд мӕйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ирон богал у 65 кг уæзы дунейы иууыл æнтыстджындæр хъӕбысӕйхӕцӕг

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Ирон спортсмен, уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй олимпиаг чемпион Рӕмонаты Сослан Хъӕбысхӕсты баиугонд дунейы (UWW) рейтингы ивгъуыд мӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ схызт фыццаг бынатмæ, хъусын кæны агентад "Весь спорт".

Сослан Рамонов, завоевавший золотую медаль на XXXI летних Олимпийских играх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕмонаты Сослан бацыд Уӕрӕсейы дӕс хуыздӕр спортсмены номхыгъдмӕ

Хъӕбысхӕсты баиугонд дуне (UWW) раног кодта уӕгъдибар стилы дунейы хуыздӕр богалты рейтинг.

8 уӕзы категорийы фыццаг рӕнхъытӕй цыппар бацахстой уӕрӕсейаг спортсментӕ. Ирон богал Рæмонаты Сосланӕй дарддӕр ма рейтингы фыццаг бынӕттыл сты олимпиаг хъазтыты уӕлахиздзау Абдулрашид Садулаев (86 кг), Риойы ӕвзист призер Аниуар Гедуев (74 кг) ӕмӕ архайгӕ дунейы чемпион Магомед Курбаналиев (70 кг).

Рӕмонаты Сослан ссис олимпиаг чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 65 кг уӕзы категорийы Рио-де-Жанейройы олимпиаг хъæзтыты рæстæджы.

Ирон богал 2016 азы хорзæхджын æрцыд Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр паддзахадон хорзӕх — орден "Уацамонгӕ"-йӕ, Цæгат Ирыстоны майдан "Во славу Осетии"-йæ æмæ  Уæрæсейы "Хæларады орден"-æй.

Ног хабӕртты лентӕ
0