ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕхсӕнадӕмон сырх дзуары комитеты бынæттон мисси фæхæццæ кодтой Цхинвалы фæстаг дзуттаг Джинджихашвили Рибкайӕн йе ʻмтугон, Тель-Авивы цæрæг Анна Панченкойы лæвар. Сылгоймаг райзæрдæйæ райста дзуттæгты фæрныг царды горæтæй æрвитæггаг.
Кӕддӕры бирӕнымӕц уирӕгтӕй ма сæ бынтыл Цхинвалы баззад карджын сылгоймаг Джинджихашвили Рибка. Иунæг сылгоймаджы хъысмæтыл иу æмæ дыууæ хатт нæ фыста Sputnik. Фæстаг азы йæ царды ʻрцыд куыд æппæрццаг, афтæ æвæрццаг ивындзинæдтæ дæр. Ӕхсæн машинæмæ бæллæг сылгоймагæн йæ бæллиц сæххæст кодтой дыккæгæм скъолайы рауагъдонтæ, уый фæстæ та баййæфта æфхæрд тыхгæнæджы къухæй.
Цхинвайлаг уираджы хъысмæт сæ зæрдæмæ æввахс райстой дунейы цæрæг адæмтæй бирæтæ, фылдæр бæрцæй дзуттæгтæ. Уыдонæй кæцыдæртæ равдыстой æххуысы хъæппæрис. Тель-Авивы цæрæг Анна Панченко уалдзæджы бахатыд СДӔК-ы бынæттон миссимӕ, цӕмӕй уыдоны фӕрцы йе ‘мтугонӕн арвита лӕвар. Цыппæрæмы Джинджихашвили Рибкамæ фæхæццæ ис йæ æрвитæггаг —цырагъдарæн ӕмӕ Дауыты Стъалы (рагон символ, кӕцыйӕн уӕлдай кад кӕнынц дзуттӕгтӕ).
Сылгоймаг лæвæрттыл тынг фæцин кодта, фæлæ фæстагмæ æрæнкъард, цырагъдарæны уӕлфыст бакæсын кæй нæ зыдта, уымӕн.
"Сылгоймаг æрмæт кодта цырагъдарæныл уæлфыст бакæсын йæ бон кæй не ʻссис. Уый æрымысыд, 90-æм æзты хæсты хæдразмæ Цхинвалы синагогайы кæй бакодтой ивриты курсытæ, фæлæ сæ куыст бирæ нæ ахаста æмæ йын æвзаг сахуыр кæнын нæ бантыст", — радзырдта СДӔК-ы бынæттон миссийы пресс-секретарь Тедеты Марина.
Сылгоймаг ма æдзух уазджытæн — журналисттæ æмæ Сырх Дзуары кусджытæн радзырдта, дыццæджы йæ кæй бабæрæг кодтой Цхинвалы мэрияйы минæвæрттæ æмæ йын баныфсæвæрдтой йæ хæдзармæ дон бауадзынæй.
Рибка Джинджихашвили æнæхъусдард нæу, хӕринаг ын хæссынц Алайнаг епархи, Сырх Дзуары комитеты бынæттон мисси, рохуаты йæ нæ уадзынц сыхӕгтæ æмæ кæцыдæр уагдæттæ дæр.