ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта ПУК "Энергоресурс"-æн зымæгмæ газæй сифтонг кæнын микрорайон "Хурзæрин". Бибылты Анатолий цыппæрæмы фембæлд микрорайоны цæрджытимæ, кæцытæ бахатыдысты президентмæ, цæмæй сын баххуыс кæна рухсы фæдыл сæ хæсимæ, фехъусын кодтой президенты пресс-службæйы.
Президент бахæс кодта "Энергоресурс"-ы генералон директор Гæбæраты Аланæн уазæлтты æрбалæуды онг хъармгæнæн системæтæм газ бауадзын. Уый та президенты ныхæстæм гæсгæ, фадат ратдзæн æрмæст хæдзæрттæ хуыздæр хъарм кæнынæн нæ, фæлæ ма сæ ссæрибар кæндзæн электрон тæвдгæнæнтæй пайдакæнынадæй.
"Сæрдыгон рæстæг сымах нæ пайда кæнут тæвдгæнæнтæй, æмæ уæ курæг дæн, цæмæй æххæстæй фидат уæ фиддонтæ. Уый бирæ æхца нæ уыдзæн", — загъта уый.
Бибылты Анатолий банысан кодта, зæгъгæ газ цы районты нæй, уыдоны цæрджытæ рухсы æхца фиддзысты фæасламдæргонд тарифтæм гæсгæ — кВт-тæн 2,64 сомы бæсты, æрмæстдæр 2 сомы.