Хуссар Иры базæйы ссардтой республикæйы сæрибардзинады сæраппонд фæмардуæвджыты нæмттæ

© Sputnik / Михаил Фомичев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры базæйыл ссардтой республикæйы сæрибардзинады сæраппонд фæмардуæвджыты рухс нæмттæ
Хуссар Иры базæйыл ссардтой республикæйы сæрибардзинады  сæраппонд фæмардуæвджыты рухс нæмттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ уæрæсейаг æфсæддонтæ ссардтой республикæйы сæрибардзинады сæрыл чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ

ЦХИНВАЛ, 14 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ ссардтой республикæйы сæрибардзинады тыххæй сæ цард чи радта, уыцы фæмардуæвджыты рухс нæмттæ республикæмæ фидауынгæнджыты æрбакондыл 25 азы сæххæсты цытæн митинджы.

"Ис ахæм цаутæ, кæцыты ахсджиагдзинад нæ нымæг кæны рæстæджы цыдимæ. Ахæм цаутæм хауы 25 азы размæ æрцæугæ цау дæр — 1992 азы 14 июль, Дагомысаг сразыдзинæдтæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны зæххмæ баконд куы æрцыдысты æртæварсон Сабырад бахъхъахъхъæныны тыххæй Ӕмхæццæ тыхтæ", — загъта митинджы рæстæджы æфсæддон базæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алексей Плисов.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, 1992 азы ацы хæс æвæрд кæй æрцыд æмбæстагон хъахъхъæнынады, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон бæллæхты фæстиуджытæ иуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл Паддзахадон комитеты сæргълæууæг Сергей Шойгуйыл.

Осетинские миротворцы из состава ССПМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир нысан кæны фидауынгæнджыты æрбакондыл 25 азы сæххæст

"Сырæзгæ командæйæн иууыл цыбыр æмгъуыдмæ бантыст регионы тугкалд æрлæууын кæнын æмæ сабыр цардмæ рахизынæн уавæртæ саразын. Фæлæ та 2008 азы августы уыдон бавзæрстой гадзрахатдзинад се ′мгуыстгæнджыты æрдыгæй гуырдзиаг фидауынгæнæн батальонæй, фыццаг цæф сæхимæ райсгæйæ.

Уый фæстæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, республикæйы къухдариуæгад æмæ уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ ссардтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.

Хуссар Ир нысан кæны Сабырад бахъахъхъæныны фæдыл æмхæццæ тыхты æрбакондыл 25 азы сæххæст. Цхинвалы уагъд цæуынц цытджын мадзæлттæ, уый нымæцы байкерты парад, цытджын æмбырд æмæ 1992 азы 14 июлы горæтмæ фидауынгæнджыты колоннæйы æрбахызты реконструкци.

Ног хабӕртты лентӕ
0