Президент фидауынгæнджытæн: бузныг уæ хæрзаудæн миссийы тыххæй

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, республикæйы къухдариуæгад æмæ 4-æм æфсæддон базæйы æфсæддон службæгæнджытæ ссардтой республикæйы сæрибардзинады тыххæй сæ цард чи радта, уыцы фæмардуæвджыты рухс нæмттæ республикæмæ фидауынгæнджыты æрбакондыл 25 азы сæххæсты цытæн митинджы

"Ис ахæм цаутæ, кæцыты ахсджиагдзинад нæ нымæг кæны рæстæджы цыдимæ. Ахæм цаутæм хауы 25 азы размæ æрцæугæ цау дæр — 1992 азы 14 июль, Дагомысаг сразыдзинæдтæм гæсгæ, Хуссар Иырстоны зæххмæ баконд куы æрцыдысты æртæварсон Сабырад бахъхъахъхъæныны тыххæй Ӕмхæццæ тыхтæ", — загъта митинджы рæстæджы æфсæддон базæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алексей Плисов.

Президент Бибылты Анатолий загъта бузныг 1992 азæй 2008 азы онг ахсджиаг мисси чи æххæст кодта, уыцы фидауынгæнджытæн.

"Ис символикон нысаниуæг уымæн, фидауынгæнджыты командæгæнæг абон кæй у уыцы паддзахады æххæстбарджын минæвар, кæцы нæ бауагъта скуынæг кæнын Хуссар Ирыстоны адæмы", — загъта президент УФ-йы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметовы тыххæй, кæцы иста хайад митинджы.

Уый фæстæ республикæйы къухдариуæгад æмæ уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ ссардтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0