ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik, Годжысаты Анна. Чырон оператор "Остелеком", кæцы Хуссар Ирыстоны кусы бренд "МегаФон"-ы дæлбар, сарæзта пресс-тур журналисттæн æмæ блоггертæн, мадзал нывонд уыд 2016-2017 азты компанийы хызæджы куыст фæхуыздæр кæныны сæйраг этапы фæудæн.
Дзыллон информацийы фæрæзтæ, компанийы къухдариуæгад æмæ бастдзинады республикон комитеты минæвæрттæ фæуазæг сты цыппар бындурон базæйон станцтæм Цхинвалы æмæ Хуссар Ирыстоны районты.
Пресс-туры маршрут рацыд цхинвайлаг микрорайон "Шанхай", Гъуырымбела, Малдайы хъæуытыл æмæ Знауыры поселокыл. Алы базæйон станцы цур дæр уагъд цыдысты 3G æмæ 4G хызæджы мобилон интернеты тагъддзинады фæдыл тесттæ æмæ хъæлæсон бастдзинады гъæд.
Ӕдæппæт сарæзтой авд сбарсты æмæ "Остелеком"-ы минæвæрттæ куыд загътой, уымæ гæсгæ, сæ фæстиуджытæ сты дзурæг ууыл, "интернеты тагъддзинад кæй у оптималон".
Ахæм экскурси хызæджы фадæттæн тест аразынимæ уагъд æрцыд фыццаг хатт.
"Остелеком"-ы техникон директор Федор Горгоцкий радзырдта республикæйы хызæджы ранæуæгы сæйраг этаптыл, афта ма модификаци куыд бандæвта бастдзинад æмæ интернеты гъæдыл.
"13 азы размæ компани скусын кодта фыццаг базæйон станц Хуссар Ирыстоны территорийыл. Уал азы фæстæ станцты нымæц ныр схызт 130 онг. "Мегафон — Хуссар Ирыстон" нымад цæуы хæххон операторыл, бастдзинад аразын хæхтыл та у зын æмæ вазыгджын. Оптимизацийы дыккаг этапмæ та хауынц Хуыцъейы хъæу æмæ горæт Къуайсайы 3G стандарты дыууæ станц скусын кæнын", — загъта Горгоцкий.
Уый банысан кодта, нывæзтты ма кæй ис базæйон станцты сырæзт Цхинвалы цæрæгджын районтæй алкæцыйы дæр, уымæн æмæ бастдзинад æмæ интернеты лæггæдты æрцагуырд æдзух кæй кæны фылдæр.
Ногдзинæдтыл бæстондæрæй радзырдта РХИ бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Къæбысты Георгий, кæцы бахаста стыр хайбавæрд республикæйы чырон бастдзинад саразынмæ.
"Ӕз сæрыстыр дæн, кæй дæн республикæйы телекоммуникацион структурæйы райрæзты хайадисæг йæ сырæзтæй фæстæмæ. 13 азы мидæг компани "Мегафон — Хуссар Ирыстон" у чырон бастдзинады фыццаг æмæ иунæг оператор. Фыццаг уæвын æрмæст стыр кад нæу, фæлæ ма егъау бæрндзинад дæр. Фæнды мæ зæгъын бузныг компанийæн ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй, кæцыйыл уыдон фыдæбон кодтой цыппар мæйы", — загъта Къæбысты Георгий.
Алы базæйон станцыл дæр зæронд ифтонггарзы æххæст модернизаци, Къæбысты Георгийы ныхæстæм гæсгæ, радта фадат абоненттæн бастдзинады гъæдджындæр лæггæдтæ дæттын.