Фыд Иаков: ХЧР Алайнаг аргъуанты мæзджытты ӕрбаконд ныддих кӕндзӕн Уӕрӕсейы

© Пресс-служба Аланской епархииПаломники из Южной Осетии в Аланском храме в КЧР
Паломники из Южной Осетии в Аланском храме в КЧР - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Динамонӕг банысан кодта, уыдон кӕй сты рагон алайнаг чырыстон аргъуантæ æмæ сын нæй дæттæн æндæр динты культы бынатæн

ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хъæрæсе-Черкессийы территорийыл уӕвӕг Алайнаг аргъуанты мæзджытты ӕрбаконд бахæсдзæн дихдзинад Уæрæсейы адæмты æхсæн æмæ у тасхæссæг йе ‘нæхъæндзинадæн, загъта Sputnik Алайнаг епархийы сæргълæууæг фыд Иаков (Хетæгкаты).

Хъæрæсе-Черкессийы иу æмæ дыууæ хатты нæ айзæлдысты хъусынгæнинæгтæ, зæгъгæ, астæузаманты ирæтты фыдæлтæ — алантæ — цы чырыстон аргъуантæ сарæзтой, уыдон хъæуы рацаразын мæзджыттæм.

"Махæн рагæй у зындгонд, кæй ис ахæм адæмы къорд, кæцытæ змæнтынц ацы темæ æмæ йæ æмбарæм, ацы аргъуанты фарст иудадзыг кæй уыдзæн боны фæткы. Ныр чидæр аскъуыддзаг кодта фарст афтæ алыг кæнын, цæмæй уыдонæй арæзт æрцæуой мæзджыттæ", — загъта фыд Иаков.

Динамонæджы ныхæстæм гæсгæ, экстремистон уагахастимæ адæмы къорд скуыддзаг кӕны ацы фарст, кæцы ис гæнæн æмæ асайа æппæрццаг фæстиуджытæм Уæрæсейы территорийыл.

Хуссар Иры рӕстдинонтӕ  сарӕзтой чырыстон балц Хъӕрӕсейы алайнаг кувӕндӕттӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры рӕстдинонтӕ сарӕзтой чырыстон балц Хъӕрӕсейы алайнаг кувӕндӕттӕм

"Фыццаджыдæр, уыдон сты чырыстон аргъуантæ æмæ сын нæй дæттæн æндæр динты культы бынатæн. Дыккаг та уый, æмæ ахæм фидиуæнтæ хæссынц дихдзинад Уæрæсейы адæмты æхсæн — уый у комкоммæ тас йæ æнæхъæндзинадæн. У бирæвекторон, куыд динон-аргъуанон, афтæ æхсæнконфессионалон цæстæнгасмæ гæсгæ. Пысылмон æмæ та чырыстон дин фæлварынц кæрæдзи ныхмæ скæнын бынтон афтид бындурыл, æхсæнэтникон ныхмæлæудтæ никæй хъæуынц", — загъта епархийы сæргълæууæг.

Ацы фарстытыл Алайнаг епархийы минæвæрттæ уынаффæ кодтой Мæскуыйы, цы ран уыд фембæлд æхсæнадон змæлд "Сæрмæтты" уæнгтимæ, Хъæрæсе-Черкессийы ирон диаспорæйы минæвæрттимæ. Фыд Иаковы ныхæстæм гæсгæ, фембæлды хайадисджытæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ — хъæуы саразын иумæйаг фидиуæн, аргълæвæрд скæнын æмæ "ацы æппæрццаг тенденци æрлæууын кæнын, цæмæй ма айтынг уа".

Посещение священнослужителями заключенных - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алайнаг епархи самайдзæн аргъуан цхинвайлаг ахæстоны

Алайнаг аргъуанты хъысмæты фарстыл ма дзырд цыд фыд Иаковы фембæлдыл Уæрæсейы Фæсарæйнаг аргъуаны сæргълæууæг — Илларионимæ.

"Бардарæг ныфс радта, зæгъгæ, сараздзæн йæ бон цы у, уый æмæ фæхæццæ кæндзæн информаци УРД-ы сæргълæууæджы онг. Уый дæр ис катайы, уый у динон иерарх æмæ хорз æмбары уавæр", — загъта фыд Иаков.

Динамонæг нымайы, Хъæрæсе-Черкессийы цæрджытæн кæй ницы æнæмæнгхъæуæгдзинад ис алайнаг аргъуанты рацарæзты мæзджыттæм.

Чырыстон балц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг рӕстдинонтӕ ӕрзылдысты рагон алайнаг горæтыл Хъырымы

"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый у провокаци, нæ фыдгулты, Уæрæсейы фыдгулты информацион фальсификаци æмæ йæ фæдтæ цæуынц экстремизмы центртæм фæсарæнты. Уыдон фæнды фенын реакци, æмæ мах, куыд алантæ, афтæ хъахъхъæндзыстæм нæ интерестæ æмæ алыхатдæр ссардзыстæм иумæйаг æвзаг æфсымæрон хъæрæсейаг адæмимæ, кæцытæ бирæ бæрцæй сты аланты фæдонтæ. Уымæ гæсгæ, чидæр фæнд кæны цурк ныххойын дыууæ æфсмæрон адæмы æхсæн ахастыты", — банысан кодта уый.

Епархийы сæргълæууæг банысан кодта, кæй нæй руадзæн "нæ алайнаг аргъуантæ" мæзджытты бынæттæн раттыны хъуыддагæн æмæ "мах сидæм куырыхон хъæрæсейаг адæммæ, цæмæй нæ адæмты æхсæн ацы дихдзинады хъæппæрисы уидаг бындуронæй æрцæуа скъуыд".

Динамонӕджы ма дисы баппæрста, Ирыстоны политикон хицауад æмæ зонадон æхсæнад ацы фарсты кæй сты æмыр.

Ног хабӕртты лентӕ
0