ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Горæты тыхызмæлд, æнтæф æмæ уæззау уæлдæфæй сæхи бааууон кæнын æмæ хосгæнæн донæй ваннæтæ райсынмæ Нагутнимӕ æрвылаз дæр фæуазæг вæййынц сæдæгай адæймæгтæ. Бирæтæ ам аппарынц, раздæр цы лæдзгуыты æнцой цыдысты, уыдон.
Уæззау фæндаг
Цхинвалæй Знауыры онг кæны хæрзвадат сосæ фæндаг, уый фæстæ улæфæндон "Ныфс"-мæ хъæуы абалц кæнын Балтайы хъæуыл. Куыддæр хæдтулгæйы рудзынгæй фæтары вæййынц Знауыры районы административон бæрзонд бæстыхæйттæ, афтæ фесæфы асфальт, ныммыр вæййы машинæйы магнитофоны радиойы уынæр дӕр.
Балтайæ Метъехы ʻрдæм хæдтулгæ куыд фæкъул ис, афтæ æрбатары мобилон бастдзинад, фæуынгæг фæндаг æмæ фæфылдæр сты дзыхъхъытæ. Фæндагыл æрбахъæбыс кодтой бæрзонд бæлæстæ æмæ йæм хуры рухс нал уадзынц.
Йæ фæрсты згъоры цæугæ дон, рæхснæг бæрзонд нæзы бæлæстæ сæ сæртæ арвы онг систой, сæ бындзæфхæдтыл сын дзæгъæлдзу йæхи æрбатыхта. Ам цæрæг дæр нал ис, æвæрд хъæдæй ма йæ хицæн кæны ног хафт фæндаг — уый сарӕзта районы администраци улæфæн сезонмæ.
Хуыгæсы ссарӕггаг
Улæфæндон "Ныфс"-ы хосгæнæн дон цæуы Нагутнийы хъæуæй. Диссаджы æууæлтимæ доныл, рагон таурӕгъмæ гæсгæ, бамбæлд Нагутнийы цæрæг уырыссаг хуыгæс, кæцы зымæгон бон агуырдта йæ дзæргъ.
"Афтæ фæдзурынц, зæгъгæ, Нагутнийы куыста хуыгæсæй иу уырыссаг лæг, тынг раджы уыд уыцы хъуыддаг. Зымæгон уазал бон йæ заинаг дзæргъы агурæг хъæды куы адзæгъæл, уæд бамбæлд ацы доныл. Хуыгæсы дисы бафтыдта, уыцы уазалы лæугæ дон кæй нæ салд. Уый фæстæ доны арвыстой экспертизӕмӕ, афтæ фæбæрæг сты йæ диссаджы хосгӕнӕн æууæлтæ", — радзырдта санаторийы кусæг Джонни.
"Ныфс"
Хосгæнæндоны диссаджы æууæлты кой айхъуыст 1972 азæй фæстæмæ ӕмӕ ардæм адæм цæуын райдыдтой ваннæтæ исынмæ, фæлæ дзы арæзтæдтæ нæма уыд. 2002-2003 æзты санаторий "Ныфс" сарæзта Знауыры цæрæг амалиуæггæнæг Чилæхсаты Владимир, хосгæнæндоны скуыста куыд æцæг пансионат афтæ.
Иу дзырдӕй, алкæцы адæймаг дæр йӕ процедурӕты фӕстӕ ссардзæн, йæхи цæмӕй аирхæфса.
Ӕрдз
Хосгæнæндон "Ныфс" æрбынат кодта кæмтты ʻхсæн тар хъæды æрхъулайы. Цалдæр километры дӕрддзæф æм цæрæг нæй.
Улæфæндонмæ æввахс згъоры цæугæдон, уый æхсæрдзæнтæм бирæ улæфджытæ абалц кæныц, æмæ сæхи ныннайынц их доны.
Санаториймæ хъусдарæг Джони скодта ам алыгъуызон маргъ — ис æм ӕгӕрыстӕмӕй бæлоны мыггӕгтæй "американский дракон"-ы къай дӕр.
Тæвд боны æнтæфæй улæфджытæ сæхи айсынц сатæг бынæтты агъуыстытæм æмæ тæригъæд кæнынц, сæрдыгон æнтæфы горæты кæй хъæуы цæрын, уыдонæн.
Процедурӕтӕ ӕмӕ дохтыры амындтытӕ
Санаторий кæд дзæнæттаг бынаты ис, уæддæр æм фылдæр бæрцæй тырнынц улӕфынмӕ нӕ, фӕлӕ хоскæныны тыххæй.
Донæй дзæбæхгæнæндоны кусы дохтыр —терапевт, кæцы бæлвырд кæны, кæмæн феххуыс уыдзысты ваннæтæ, кӕмӕн та нӕ.
"Къæхты, нервтæ æмæ зæрдæйы низтæй чи тыхсы, уыдонæн тынг хорз у ам. Бирæтӕ ам фæуадзынц, цы лæдзгуыты æнцой ӕрцыдысты, уыдон дæр. Фæлæ дон хос куыд кæны, афтæ бирæтæн та кæны хъыг. Афтæ æппæт онкологон низтæй чи у рынчын, рæуджыты низ æмæ цармы низтæй чи тыхсы, уыдонæн ам ваннæтæ сты тобæгонд", — радзырдта дохтыр Захарова Римма.
Улæфджытæ
Хæрзарæзт чысыл коттеджты нырма бирæ адæм нæ цæры, фæлæ улæфджытæ сты райгонд. Уыдон æрæмбырд сты ардæм Цхинвал, Ленингор, Знауыр, Дзæуджыхъæу, æгæрыстæмæй Мæскуыйæ дæр. Чи сæ улæфæндонмæ ʻрбафтыд фыццаг хатт, кæцыдæртæ æрвылсæрд дæр сæ рæстæг арвитынц ам.
"Цыппæрæм аз ӕрбацыдтæн ардæм улæфынмæ, уый йæхæдæг дзурæг у, куыд фæцыд мæ зæрдæмæ æмæ куыд сфидар кæнын ме ‘нӕниздзинад ам", — радзырта Лидия.
Ацы санаторимӕ тырнынц куыд ацӕргӕ, афтӕ ӕвзӕнгтӕ дӕр, куыд республикӕйы цӕрджытӕ, афтӕ ӕддейӕ дӕр.
Дзӕуджыхъӕуккаг 89-аздзыд рæвдз сылгоймаг Гуццаты Ермоня зæгъы, Хуыцау ма йын цал аз ратта цæрæнбон, уыдонӕй алкæцы сæрд дæр кӕй æрвитдзæн санаторий "Ныфс"-ы.
"Цæгат Ирыстоны телеуынынады федтон ацы улæфæндоны тыххӕй ӕрмӕг. Ацы рæсугъд æрдз æмæ дидинджытæ мын уайтагъд мæ зæрдæ балхæдтой æмæ йæ агурын райдыдтон. Мæ чызг Хуссар Иры Уахтанайы хъæумæ у мойгонд æмæ мæ уый срæвдз кодта ацы дзæнӕттаг бынатмæ. Кæд ма фæцæрон иннӕ азмӕ, уæд та цæудзæн ардæм", — загъта Ермоня.
Проблемæтæ
"Ныфс"-ы сæйрагдæр проблемӕтæй иу у электронон рухсы цухдзинад, афтӕ ма дзы нӕй мобилон бастдзинад, бынӕттон телеуынынад ӕмӕ радио, интернет дæр.
Электронон рухсы цухдзинадимæ баст сты аннӕтæ дæр. Районы къухдариуӕгады фæрцы ам чысыл фæхуыздæр ис фæндагон бастдзинад, республикæйы къухдариуæгад та сын баныфсæвæрдта иннæ зындзинӕдтæ аскъуыддзаг кæнынæй.