Цæгат Ирыстоны ФПС-ы кусæг фæнадта йæ цардæмбалы

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Ирыстоны ФПС-ы кусæг фæнадта йæ цардæмбалы
Цæгат Ирыстоны ФПС-ы кусæг фæнадта йæ цардæмбалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы ПС-ы инспектор фæнадта йæ 26-аздзыд цардæмбалы, сылгоймаг ис реанимацийы

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны фæндагон-патрулон службæйы инспектор фæнадта йæ 26-аздзыд цардæмбалы, хъусын кæны 15 регион.

Подследственный в СИЗО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алагираг лæппуйы банымадтой аххосджыныл йе 'мкъайы химарынмæ æркæныны

Республикæйы слестгæнæн комитет бакодта уголовон хъуыддаг 34-аздзыд ФПС-ы инспектор, полицийы лейтенанты ныхмæ. Уымæ зæрдæ æхсайы 111 статьямæ гæсгæ фыдракæнд саразынмæ, ома "æнæниздзинадæн уæззау зиан бакæнын".

Республикæйы слестгæнæн комитеты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй 18 июлы Доваторы проспекты хæдзæрттæй иуы фатеры, хылы рæстæджы азымгонд нæлгоймаг къахæй-къухæй фæнадта йæ 26-аздзыд цардæмбалы. Райсгæ цæфтимæ, сылгоймаджы фæхæццæ кодтой Республикон клиникон рынчындоны реанимацион хайадмæ "Ӕхгæд сæрымагъзы травмæ. Сæрымагъзы уæззау цæф" диагнозимæ.

Хъуыддаджы фæдыл снысан æрцыд тæрхондонон-медицинон экспертизæ. Уымæй дарддæр ма скъуыддзаг цæуы азымгонды ахæсты бакæныны фæдыл фарст.

Ног хабӕртты лентӕ
0