ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik. Ӕхсæнадæмон проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуыты", зындгонд уæрæсейаг журналист Руслан Гусаров радзырдта Уæрæсейы президентæн проекты реализацийы фыццаг фæстиуджыты тыххæй, хъусын кæны Кремль.
"Фæнды мæ зæгъын нæ куысты фыццаг фæстиуджыты тыххæй. Тынг цымыдисон уыд фыццаг къахдзæфтæм хъусын дарын. Цæсты раз ивта фæсивæды ахаст уыцы регионмæ, кæдæм-иу æрцыдысты, кавказаг адæмтæм, бæстæмæ иумæйагæй. Мах уыдтам, куыд ивтой дискусситы мыртæ, куыд иу ссардæуыд фæзуæттæ мидкавказаг дискусситæн, уый у тынг ахсджиаг", — загъта Руслан Гусаров.
Журналист ма банысан кодта, проект йæ бынаты кæй нæ лæууы, уый ссис Президентон грант — 2017-ы лауреат.
"Ӕмæ ныр ног къуыри мах адарддæр кæндзыстæм нæ "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуыты" Кавказы регионтæй асты. Дагестан, Хуссар Ирыстон, Цæцæн, Хъæрæсе-Черкеси, Мæхъæл,Кæсæг-Балхъар, Цæгат Ирыстон, Адыгея — уыдон сты нæ ног хайадисджытæ, цы ран фæсивæд кусдзысты фидæрттыл, зæппадзтыл, алайнаг рагон обсерваторийы æмæ афтæ дарддæр", — загъта уый.
Гусаров фехъусын кодта УФ-йы президентæн, проектæн кæй фæфылдæр сты йæ партнертæ —уыдон нымæцы ис информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон.
Информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон у æхсæнадæмон фæсивæдон культурон-историкон проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуыты" официалон информацион партнер. "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуытæ" — æхсæнадæмон фæсивæдон культурон-историкон проект, кæцы нывонд у Уæрæсейы адæмты æхсæн хæларадон ахастытæ сфидар кæнынæн, культурон-историкон бынтæ бахъахъхъæныны проблемæтæм хъусдард аздахынæн æмæ бæстæйы туристон фадæтты популяризацийæн.