Бибылты Анатолий йæ балц Уæрæсемæ райдыдта Хуссар Иры минæварадмæ бацыдæй

© Пресс-служба посольства РЮО в РФБибылты Анатолий йæ балц Уæрæсемæ райдыдта Хуссар Иры минæварадмæ бацыдæй
Бибылты Анатолий йæ балц Уæрæсемæ райдыдта Хуссар Иры минæварадмæ бацыдæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент æрцыд Уæрæсемæ кусæгон балцы, Мæскуыйы уый фæуазæг хуссарирыстойнаг дипмиссимæ æмæ аныхас кодта йæ коллективимæ

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фыццаг хатт уыд республикæйы минæварады УФ-йы куыд паддзахады сæргълæууæг, фехъусын кодта Sputnik æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

Президенты фембæлд минæварады коллективимæ ацыд Мæскуымæ Бибылты Анатолийы кусæгон балцы фæлгæтты.

"Анатолий Ильяйы фырт раздæр дæр уыд минæварады уазæг — куы ма уыд УУМ-ы сæргълæууæг, уый фæстæ та куыд парламенты спикер. Ныр уый Уæрæсемæ йæ балц райдыдта минæварадмæ бацыдæй, цы ран уый æрныхас кодта коллективимæ, загъта йæ фæндонтæ æмæ сын радта дзуаппытæ сæ фарстытæн", — радзырдта æххæстбарджын минæвар.

Гасситы Знауыры ныхæстæм гæсгæ, фембæлды рæстæджы паддзахады сæргълæууæг банысан кодта Хуссар Ирыстоны æддагполитикон боныфæткы параметртæ, Уæрæсейы нысаниуæг банысанкæнгæйæ, куыд республикæйы æмæ иумæйагæй регионы сабырад æмæ стабилондзинады гарант.

© Пресс-служба посольства РЮО в РФБибылты Анатолий йæ балц Уæрæсемæ райдыдта Хуссар Иры минæварадмæ бацыдæй
Президент Южной Осетии побывал в посольстве РЮО в России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий йæ балц Уæрæсемæ райдыдта Хуссар Иры минæварадмæ бацыдæй

Ӕххæстбарджын минæвар ма фехъусын кодта, Бибылты Анатолий кæй загъта бузныг дипломаттæн се 'нтыстджын кусты тыххæй æмæ равдыста ныфс дипмиссийы дарддæры æнтыстытæй, афтæ ма æппæтварсонæй æххуысæй бæстæйы къухдариуæгады æрдыгæй.

Патриарх Кирилл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны президент фембæлдзæн патриарх Кириллимæ

"Президент æрдзырдта республикæйы проблемæтыл, загъта уыдон скъуыддзаг кæныны фадæттæ дæр. Сæрмагондæй, уый банысан кодта, фиддонтæ фидыны бæрæг æнтыстытæ æмæ бахахх кодта, азы кæронмæ бюджеты фæрæзтæ уыдон фæрцы ноджы кæй фæфылдæр уыдзысты", — загъта Гасситы Знауыр.

Дыццæджы Хуссар Ирыстоны президент фембæлдзæн Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы патриарх Кириллимæ.

Фембæлды уынаффæ цæудзæн Мæскуыйаг патриархатимæ æмархайды, Цхинвалы Уырыссаг рæстдинон аргъуаны арæзтады, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн Уæрæсейы динон семинаритæ æмæ академиты ахуыр райсыны фадæттыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0