Влодарчик Гасситы Мурæтимæ тохы тыххæй: ницы фесафдзынæн

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæКшиштоф Влодарчик
Кшиштоф Влодарчик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурæт æмæ Кшиштоф Влодарчик стох кæндзысты Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы ацы аз октябры АИШ-ы

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. WBC версимæ гæсгæ дунейы раздæры чемпион фыццаг уæззау уæзы Кшиштоф Влодарчик сарæзта комментарий Гасситы Мурæтимæ тохы фæдыл, кæцы у IBF титулы хицау, хъусын кæны Кавказ Сегодня.

"Мæнæн ницы ис сафинаг. Сараздзæн æппæтдæр, цæмæй мæхицæй ма фæфыдæнхъæл уон. Куыд фæнды ма уа, алцыдæр Дунескæнæджы къухты ис", — загъта Влодарчик.

Бокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæбæрæг Гасситы Мурӕты ныхмæлæууæг WBSS турниры

Спортсментæ фембæлдзысты Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы турниры фыццаг раунды фæлгæтты. Ныхмæлæуд нывæзтгонд у ацы аз октябрмæ, тохы бынат — АИШ.

Гасситы Мурæты активы ис 24 уæлахизы (17 нокаутæй) æмæ иу саст дæр нæ, Кшиштоф Влодарчикы активы та ис 53 уæлахизы (37 нокаутæй) æмæ æртæ састы.

Амæй размæ, Ӕхсæнадæмон боксерон федерацийы (IBF) версимæ гæсгæ фыццаг уæззау уæзы дунейы чемпион Гасситы Мурæт радзырдта, кæй нæ дызæрдыг кæны йæ уæлахизы Кшиштоф Влодарчикыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0