ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн арæныл уавæры фæкарздæры фæдыл бæрндзинад, кæцы ис гæнæн æмæ сæвзæра гуырдзиаг активистты акцийы аххосæй, æвæрд цæуы гуырдзиаг фарсыл, фехъусын кодта фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фæдыл РХИ президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.
Раздæр, дыццæджы кæцыдæр мыхуыры фæрæзтæ фехъусын кодтой, гуырдзиаг активисттæ кæй æрæвналдзысты Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæныл патрулы зилын Карапила-Бершуетийы фадыгыл.
"Абон цы акцийы тыххæй фехъусын кодтой, уыдон сты тæссаг арæнты районтыл уавæрæн, уымæн æмæ уыдон сты æнгом баст провокацион архæйдтытимæ, кæцытæ ис гæнæн æмæ фæкарздæр кæной уавæр. Уæд бæрндзинад æвæрд цæуы гуырдзиаг фарсыл, кæцы цæлхдур нæ вæры ахæм акцитæн", — загъта æххæстбарджын минæвар.
Джиоты Мурæт банысан кодта, Гуырдзыстоны рафтингы федераци цы акци расидт арæныл патрулы зилыны фæдыл, уый кæй у характерон гуырдзыстоны пропагандистон провокацитæн æмæ у деструктивон "митингты" дарддæрдзу, кæцытæ æрæджы ацы районты ауагътой тбилисаг "активисттæ".
"Уыдонӕн сӕ нысан у, цӕмӕй та Хуссар Ирыстоны ӕмӕ уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджыты ногӕй мӕнгӕй фӕаххосджын кӕной", — бахахх кодта ӕххӕстбарджын минӕвар.
Уый бамбарын кодта, зӕгъгӕ, Гуырдзыстоны хицауад ницӕмӕ дары Хуссар Ирыстоны ӕнхъарӕнтӕ паддзахадон арӕны хахх дыууӕварсон ӕгъдауӕй сфидар кӕныны тыххӕй, уымӕ гӕсгӕ, хуссарирыстойнаг службӕтӕ ныр цалдӕр азы дӕргъы арӕн банысан кӕныны фӕдыл куыстытӕ уадзынц сӕрмагонд амонӕгтӕ ӕмӕ инженерон агъуыстытӕй.
Уыимӕ куыстытӕ иууылдӕр уагъд цӕуынц хуссарирыстойнаг территорийыл, Гуырдзыстоны арӕн хӕлд никуы ӕрцӕуы.