ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik, Мария Шелудякова. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ауагъта фембæлд Патриарх Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы Кириллимæ йæ резиденцийы уæрæсейаг столицæйы.
Паддзахады сæргълæууæг æруынаффæ кодта Мæскуыйаг Патриархатимæ æмархайды, Цхинвалы Уырыссаг рæстдинон аргъуаны арæзтады, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн Уæрæсейы динон семинаритæ æмæ академиты ахуыр райсыны фарстытыл.
Бибылты Анатолий динон фарст аскъуыддзаг кæнын схуыдта иумæйаг хæслæвæрд Хуссар Ир æмæ Уæрæсейæн. Президент банысан кодта, рæстдин кæй цæры республикæйы æмæ хицауад кæй нывæнды активонæй фидар кæнын бастдзинæдтæ Уырыссаг рæстдинон аргъуанимæ.
"Конкретон проблемæтæ скъуыддзаг кæнынæн хъæуы рæстæг. Бæлвырд бындур самайынæн хъæуы бирæ саразын. Фæлæ æз нæ нымайын рæстдины проблемæ Хуссар Ирыстоны критиконыл, ницы хуызы. Уый у нæ иумæйаг проблемæ. Рæстдин у республикæйы бундурон дин, æмæ йæ мах, кæй зæгъын æй хъæуы, кæндзыстæм фидардæр", — загъта президент йæ интервьюйы Sputnik.
Паддзахады сæргълæууæг ма банысан кодта, Хуссар Иырстоны территорийыл кæй ис уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ, арæнгæрон управленийы кусджытæ, уыдонæн сæ фылдæр сты рæстдиныл хæст адæм.
"Патриархимæ, сæрмагондæй, мах æруынаффæ кодтам фарстыл, зæгъгæ, Уæрæсейы æмбæстæгтæй Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыдон кæцы аргъуантæм хъуамæ цæуой. Сæрмагондæй уыдон тыххæй Хуссар Ирыстоны арæзт цæуы аргъуан. Уый тыххæй мах æмархайд кæндзыстæм Хуссар Ирыстон, Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны динамонджытимæ. Рæстдиныл хæст адæм хъуамæ æххуыс кæной кæрæдзийæн", — бахахх кодта уый.
Бибылты Анатолий Мæскуыйы ис дыууæбонон кусæгон балцы фæлгæтты. Хуссар Ирыстоны лидер йæ балц райдыдта минæварадмæ бацыдæй, цы ран уый æрныхас кодта коллективимæ, загъта йæ фæндонтæ æмæ сын радта дзуаппытæ сæ фарстытæн. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта Хуссар Ирыстоны æддагполитикон боныфæткы параметртæ, Уæрæсейы нысаниуæг банысанкæнгæйæ, куыд республикæйы æмæ иумæйагæй регионы сабырад æмæ стабилондзинады гарант.