Сырхӕфсӕддон Чилӕхсаты Мухарбеджы стӕгдар радтой йӕ бинонтӕн

© Sputnik / Денис Гришкин /  Ахизын медиабанкмæӔбӕрӕг солдаты ингӕн
Ӕбӕрӕг солдаты ингӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ленинграды областы ссардтой цӕгатирыстойнаг сырхӕфсӕддоны стӕгдар

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Советон-финнаг хӕсты фӕмардуӕвӕг сырхӕфсӕддоны бинонтӕн радтой йе стӕгдар ӕмӕ хисӕрмагонд дзаумӕттӕ, хъусын кӕны Ossetia News.

Ирыстойнаг сырхæфсæддоны мард буары хæйттæ баныгæндзысты райгуырæн зæххыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг сырхæфсæддоны мард буары хæйттæ баныгæндзысты райгуырæн зæххыл

Фронты фӕмардуӕвӕджы ном ӕмӕ мыггаг агурджытӕ сбӕрӕг кодтой июны. Уый ацыд тохы быдырмӕ 80 азы размӕ 19-аздзыдӕй. Уӕдӕй фӕстӕмӕ лӕппуйӕ ницыуал бӕрӕг ӕрцыд.

Советон-финнаг хӕсты рӕстӕджы ингӕнтӕ Выборгаг районы хъӕды ссардтой агурӕн къордты минӕвӕрттӕ. Хистӕртимӕ "Вахта памяти"-йы хайад истой кӕстӕр фӕлтӕр дӕр.

"Мухарбеджы стӕгдар систой иууыл фӕстагмӕ. Йемӕ уыдысты дамбаса сыгъдӕг кӕнӕн инструменттӕ, химикон къарандас, хафӕн резинкӕ, згъӕрӕхцатӕ ӕмӕ сӕрак ӕхцадон. Фӕлӕ ӕхцадон нӕ бакодтам, хуыдыдз кӕй уыд, уый тыххӕй", — радзырдта агурӕн къорд "Советский патриот"-ы къухдариуӕггӕнӕг.

Ӕхцадон куы басур кодтой ӕмӕ бакодтой, уӕд йӕ мидӕг разынд профцӕдисы уӕнджы ӕвдисӕндар Мухарбеджы номыл. Уый ӕмӕ сырхӕфсӕддоны иннӕ хисӕрмагонд дзаумӕттӕ суыдзысты ныр бинонты реликви. Баныгӕндзысты Мухарбеджы стӕгдар хӕдзары, Цӕгат Ирыстоны, йӕ ныййарджыты фарсмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0