ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзтæ рæзынц æмæ архайынц æмдзу кæнын рæстæгимæ, загъта мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария националон дзыллон информацийы фæрæзты бонæн нывонд цытджын мадзалы рæстæджы.
"Паддзахадон газеттæ æмæ сайттæй дарддæр алы уагдонæн дæр фæзындысты сæхи сайттæ, газеттæ æмæ брошюрæтæ. Уый та у ууыл дзурæг, хуссарирыстойнаг дзыллон информацийы фæрæзтæ кæй архайынц рæстæгимæ æмдзу кæнын", — загъта уый.
Комитеты сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, кæд технилогитæ бонæй-бон размæ цæуынц, уæддæр журналисты куыст у æнæаивгæ. Йæ коллегæтæн йæ цæст бауарзта алыхатдæр хорз æмæ цымыдисон хабæрттæ, цæмæй уой принципиалон æмæ объективон.
Дзыллон информацийы фæрæзтæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий. Йæ раныхасы паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, журналисттæ кæй кæнынц тынг ахсджиаг куыст æмæ нæ тæрсынц æвдисын æмæ дзурын паддзахады уæвæг проблемæтыл.
"Сымах куыстат зын уавæрты, уыдыстут цензурæйы бын, ныхæй-ныхмæ лæууыдыстут информацион блокадæйы раз. Уымæ æнæкæсгæйæ, сымах дзырдтат æрмæст паддзахады проблемæтыл нæ, фæлæ хицæн адæймæгты проблемæтыл дæр. Мæн фæнды, цæмæй журналисттæ дзурой, цы проблемон фарстытæ нæм ис, уыдоныл", — загъта Бибылты Анатолий.
Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, дзыллон информацийы фæрæзты куыстæн республикæйы кæй аргъ кæнынц, журналистты фарс та "кæддæриддæр лæудзысты Хуссар Ирыстоны хицауад æмæ парламент".
Президент ма радта ДИФ-ы кусджытæн хорзæхтæ æмæ кады нысæнттæ. Сæ цытæн айзæлыд бæрæгбонон концерт дæр.