ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik. Бæгæныфыцæн завод Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы сæндидзын кæндзысты 2017 азы кæронмæ, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы, кæцы уыд нывонд президентадыл 100 боны сæххæстæн.
Ленингоры районы завод æгуыстæй лæууы ныр авд азы, зынаргъ ифтонггарз фæдавтой, кондадон бæстыхæйттæ та æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ.
"Ленингоры районы бæгæныйы завод сæндидзын кæндзысты азы кæронмæ. Ис сæрмагонд инвестор, кæцы рахицæн кæндзæн 50 млн сомы кондад скусын кæнынæн", — загъта президент.
Уый бахахх кодта, инвесторимæ сразыдзинадмæ гæсгæ, паддзахад кæй уыдзæн бæгæныфыцæн заводы активты 51%-ы хицау.