ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий республикæйы паддзахадон æдасдзинады комитетæн базонгæ кодта ног къухдариуæггæнæджы, хъусын кæны бæстæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.
Ведомствæ куыд нысан кæны, афтæмæй хисæрмагонд сконды офицертæн бакаст æрцыд указ Михаил Шабановы ПӔК-ы сæргълæууæгæй снысан кæныны тыххæй.
Бибылты Анатолий банысан кодта, комитеты ног къухдариуæггæнæг бирæ рæстæг кæй куыста паддзахадон æдасдзинады системæйы æмæ спайда кæндзæн йæ фæлтæрддзинадæй Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн.
"Шабанов Михаил Виталийы фырт цæрæнбонты фæкуыста паддзахадон æдасдзинады системæйы, кодта сгарæн архайд æмæ куыста экономикон фыдракæндтыл æмæ бирæ æндæр фæдыздæхтты. Йæ фæлтæрддзинад уыдзæн æнæмæнгхъæуæуг Хуссар Ирыстонæн. Нæ дызæрдыг кæнын, йæ къухдариуæгады бын ПӔК-ы куысты бæрзонд æмвæзад æрмæст хъахъхъæд не ′рцæудзæн, фæлæ ма фæбæрзонддæр уыдзæн", — загъта Бибылты Анатолий.
Уый банысан кодта ПӔК-ы раздæры сæргълæууæг Виктор Шаргаевы лæггæдтæ дæр. Президент зæрдыл æрлæууын кодта, йæ къухдариуæгады бын кæй бантыст раргом кæнын фыдракæндты бирæ нымæц.
Паддзахадон æдасдзинадмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй Бибылты Анатолий схорзæхджын кодта Шаргаевы Кады Орденæй.
Комитеты ног сæргълæууæг бузныг загъта президентæн йе 'ууæнчы тыххæй æмæ райста Шаргаевæй Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæргълæууæджы штандарт.