Парти "Адæмы иудзинад" ауагъта лидеры æвзæрстытæ

© Sputnik / Наталья АйриянЧилӕхсаты Владимир
Чилӕхсаты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламентон парти "Адæмы иудзинад"-ы съезды равзæрстой лидеры æмæ ацух кодтой политикон баиугæнды рæнхъытæй депутат Къозонты Аланы

ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. Парти "Адæмы иудзинад" ауагъта съезд, цы ран боны фæткы сæйраг фарст ссис политикон баиугæнды лидеры равзæрст. Делегаттæ партийы разамонæгæй æмхъæлæсæй равзæрстой Чилæхсаты Владимиры, фехъусын кодтой Sputnik "Адæмы иудзинад"-ы пресс-службæйы.

"Сусæг хъæлæсæппæрстæй съезды делегаттæ æмхъæлæсæй равзæрстой Чилæхсаты Владимир Степаны фырты кандидатурæ. Куыд партийы лидер, афтæ уый дарддæр дæр нывæнды ахæм фарстытыл дзурын, куыд куысты бынæттæ аразын, æрыгон специалистты æрбаздæхт æмæ хъæууон хæдзарады эффективон райрæзт", — загътой партийы пресс-службæйы.

Уымæй дарддæр ма боны фæткмæ рахастæуыд партийы рæнхъытæй ацух кæнын Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Къозонты Аланы, "йе 'рдæм æууæнк сæфт кæй æрцыд, уый тыххæй".

Съезды делегаттæ æмхъæлæсæй схъæлæс кодтой Къозонты Аланийы партийæ ацух кæныныл, "партийы архайд кæй дискредитаци кæны, уагæвæрдмæ гæсгæ йыл цы хæстæ ис æвæрд, уыдон кæй не ′ххæст кæны æмæ политикон интерестæн зиан кæй хæссы, уый тыххæй".

Депутат Алан Козонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент снысан кодта Къозонты Аланы Цӕстдарӕн советы хистӕрӕй

Пресс-службæйы бамбарын кодтой, раздæр генсоветмæ кæй æрбахатыдысты партийы 50 уæнджы, кæцытæ домдтой Къозонты Аланы партийæ сисын.

Къозонты Алан парламенты ис куыд фракци "Адæмы иудзинад"-ы уæнг æмæ лæууы æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон политикæйы фæдыл парламентон комитеты сæргъ. 2017 азы апрелы президентон кампанийы рæстæджы Къозонты Аланы фарсхæцæг инициативон къорд бадæтта документтæ ЦӔК-мæ, цæмæй йæ срегистраци кæной президенттæм кандидатæй, фæлæ бафыссæн сыфты рæдыдты тыххæй, уымæн регистрацийыл æрцыд æвæрд тобæ.

"Адæмы иудзинад"-æн Хуссар Ирыстоны парламенты ис æхсæз депутатон мандаты.

Чилæхсаты Владимир ацы аз июлы онг лæууыд республикæйы Дзауы районы администрацийы сæргъ æмæ æрцыд ист ацы бынатæй президент Бибылты Анатолийы барамындæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0