ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстон аргъ кæны егъаумасштабон ахуыртæн Гуырдзыстоны, куыд "провокацион цæттæгæнæн архæйдтытæ Фæскавказы политикон æмæ æфсæддон баланс фехалынмæ", фехъусын кодтой республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады.
Гуырдзыстоны къуырисæры райдыдтой НАТО-йы бæстæтæ æмæ альянсы партнерты æртыккаг егъаумасштабон иумæйаг æфсæддон ахуыртæ "Аккаг партнер-2017", ахуырты æфсæддон хъомыс у фæуæрæхдæргонд.
"Ацы ахуыртæн мах аргъ кæнæм куыд провокацион цæттæгæнæн архæйдтытæ Фæскавказы политикон æмæ æфсæддон баланс фехалынæн, уымæн æмæ Гуырдзыстон ныры онг дæр нæ ацух кодта йæ территориалон претензитæ — Хуссар Ирыстоны территори хæстон архæйдтыты фæрцы байсыны нывæзт", — загътой РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады.
Ведомствæйы бацамыдтой уыцы фактмæ, зæгъгæ, ахуыртæ райдыдтой 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийыл 9 азы сæххæсты размæ. ФХМ-ы ма катайы баппæрста, "Гуырдзыстон дарддæр дæр кæй уæрæх кæны йе 'фсæддон хъомыс æмæ бæстæ-агрессорæн ацы хъуыддаджы алыварсонæй æргомæй кæй æххуыс кæнынц АИШ æмæ æндæр бæстæтæ".
НАТО-йы æфсæддон ахуырты Гуырдзыстоны архайынц 3 мин æфсæддон службæгæнæджы Гуырдзыстон, АИШ, Стыр Британи, Германи, Турк, Словени, Украинæ æмæ Сомихстонæй. Гуырдзыстоны территоримæ баконд æрцыд фæсарæйнаг æфсæддон техникæ æмæ авиаци. Ахуырты æрбайгомы церемонийы хайад иста АИШ-ы вице-президент.