Цæгат Ирыстоны картæ "Мир"-ы хицæуттæ баисты 32 мин адæймагæй фылдæр

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæКартæ "Мир"
Картæ Мир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бюджетон къабазы кусджытæ æмæ пенсиисджыты ракæндзысты фиддонон системæ "Мир"-мæ, картæты æмгъуыд кæронмæ куы бахæццæ уа, уæд

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Уæрæсейаг фиддонон системæ "Мир"-ы бындурыл картæтæ Цæгат Ирыстоны райстой 32 мин адæймаджы. Уый тыххæй Ossetia News фехъусын кодтой республикæйы Нацбанчы хайады.

Отделение Сбербанка РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны аивтой пенситæ фидыны æмгъуыдтæ

"Картæ "Мир"-ы хицæуттæн ис фадат пайда кæнын æппæт фиддонон функционалæй — æхцатæ хыгъдæй райсын, дуканиты æлхæнинæгтæ фидын, афтæ ма иу картæйæ иннæмæ æхцатæ рахæссын. Уымæй дарддæр ма, картæ "Мир" у æнæконтактон уæлæмхасæн æмæ интернет-коммерцийы сервистæ. Уый æмрæстæджы, "Мир" хуымæтæг картæ нæу, фæлæ алыгъуызон проекттæ реализаци кæныны бындур. Абоны бон Уæрæсейы хицæн регионты реализаци æрцыдысты проекттæ фиддонон картæ "Мир"-ы бындурыл (цæрæджы картæ, студентон картæ, пенсион картæ, транспортон æмæ æндæр проекттæ)", — банысан кодтой Нацбанчы.

"Сбербанк"-ы республикон хайады банысан кодтой, картæ, сæйраджыдæр, кæй фæрсынц бюджетон организацитæ, сæрмагондæй — æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады æмæ тыхон ведомствæтæ.

Кредитон организациты хъусын кæнынц, ныртæккæ республикон инфраструктурæ цæттæ кæй у картæ Мир-ы сервисмæ. Дзырд цæуы базарадон-сервисон хызæджы терминалтыл æмæ банкоматтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0