ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik. Цæгатирыстойнаг нывгæнæг Гокъоты Алиса йæ аккаунты социалон хызæджы æрсидт Дзæуджыхъæуы цæрджытæм, цæмæй æрбахæссой исæн пунктмæ уæлдайаг чингуытæ.
"Рагæй мæ фæнды саразын уынджы библиотекæ — "буккроссинг" — уарзон Дзæуджыхъæуы саразын, кæцы хъуамæ суа уарзон къуым, цы ран бакæсæн уыдзæн чиныг, аххæссын æй хæдзармæ, фæстæмæ рбахæссын, науæд та йæ бынатмæ æндæр æрбахæссын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм æнæхипайда мадзалы ис — кæрæдзимæ хорз ахасты миниуæг, кæцы абон ссис дефицит", — радзырдта уый Sputnik.
Гокъоты Алиса йе мбæлттимæ хоны горæты цæрджытæм, цæмæй æрбангом уой ацы проекты реализацимæ. Фыццаг этапы уал дыууæ къуыримæ хъæуы æрæмбырд кæнын инсталляци саразынæн чингуыты æнæмæнгхъæуæг нымæц.
"Мах райсдзыстæм чингуытæ цыфæнды хуызы дæр, кæд бынтон æвзæр уагы сты, уæддæр. Мах сæ бауаддзыстæм ног цард!", — дзуры проекты автор.
Уый банысан кодта, чингуыты исæн пункт кæй ис Сабырдзинады проспектыл кофейня "Put in"-ы.