"Хохӕгтӕ" ӕрцыдысты Хъеуселты комы ӕнусон мӕсыг сӕндидзын кӕнынмӕ

Рафыссын
"Хохӕгтӕ" сӕ къорды ӕрбамбырд кодтой фӕсивӕд Мӕскуы, Цхинвал ӕмӕ Махачкалайӕ. Ӕвзонг адӕм ахуыр кӕнынц Кавказы адӕмты цардуаг, ӕгъдӕуттӕ, къӕбицтӕ, тауынц хӕлардзинады тӕгтӕ Уӕрӕсейы бирӕнационалон адӕмты ‘хсӕн.

Фӕсивӕдон культурон-историкон ӕхсæнадæмон проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуытæ" цæуы Цæгат Кавказы регионтæй асты. Арæзт æрцыд цыппар регионалон къорды: Дагестан — Хуссар Ирыстон, Цæцæн — Хъæрæсе-Черкес, Мæхъæл — Кæсæг-Балхъар, Цæгат Ирыстон — Адыгей.

Дагестан — Хуссар Ирыстоны къорд сӕ архайд райдыдтой Дагестаны республикӕйы. Ныр та фондз боны дӕргъы, уыдон зонгӕ кӕндзысты Ирыстонимӕ, бафснайдзысты Хъеуселты комы мӕсыг.Цытджын фембӕлды фӕстӕ фӕсивӕд рахызтысты алкæмцæуæг хӕдтулгӕтӕм ӕмӕ абалц сты Дзауы районы Хъеуселты хӕуы уӕвӕг хӕххон улӕфӕн база "Дзедо"-мӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0