ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны адæм æнустæм сæ зæрдыл дардзысты ирон адæмы бахъахъхъæнынмæ чи растад, уыцы адæмы, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий Гергиаг асины цур митинджы рæстæджы Цхинвалы.
Хуссар Ирыстоны мысынц гуырдзиаг агрессийы амæттæгты. Республикæйы уагъд цæуынц 2008 азы августы хæстыл фараст азы сæххæсты фæдыл фыдохы мадзæлттæ.
"Ӕрвылаздæр мах мысдзыстæм ацы хæсты чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ. Ацы бон у баст, Хуссар Ирыстоны цы лæппутæ хъахъхъæдтой, уыдонимæ. Мах нæ ферох кæндзыстæм, цы æххуыс нын бакодта Уæрæсе. Уый нын аирвæзын кодта мæлæтæй нæ хъæбулты. Рухсаг уæт, чи нæ æрæййæфта ацы уæлахиз. Уæлахиз уæт, йæ райгуырæн зæхх æмæ йæ адæмы бахъахъхъæнынмæ чи растад, уыцы адæм", — загъта Бибылты Анатолий.
Республикæйы къухдариуæгад æмæ æхсæнады минæвæрттæ сæвæрдтой дидинтæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты цыртмæ. Хуссар Ирыстоны сабыр цæрджытæй чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ ссарынмæ акцийы хайадисджытæ æрбацыдысты "Сыгъд удты музей"-мæ Зары фæндагмæ фæзилæны, кæцыйыл Цхинвалы цæрджытæ фæлвæрдтой артæфтыд горæтæй алидзын.
Ам уагъд æрцыд Хуыцаумæскуывд, кæмæн нæ бантыст аирвæзын, уыцы сабыр цæрджыты номарынæн.
"Афтæ ма Гергиаг асиныл Цхинвалы центры уагъд æрцыд номарæн акци "Рисæй йемыдзаг мысинæгтæ".
2008 азы 8 августы гуырдзиаг ӕфсад ӕрбабырста республикӕмӕ, Цхинвал ӕмӕ бирӕ цӕрӕн пункттӕн стыр зиан бакӕнгӕйӕ. Агрессийы амӕттаг баисты сӕдӕгай сабыр цӕрджытӕ, хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг фидауынгӕнджытӕ. Йӕ фидауынгӕнджыты ӕмӕ сабыр цӕрджыты бахъахъхъӕныны нысанӕн, Уӕрӕсе ауагъта Гуырдзыстоны сабырадмæ тыхæй æркæныны операци.