ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Европæйаг коллекционертæ балхæдтой "Гыццыл принц"-ы фæйнæ 150 экземпляры ирон æмæ дыгурон диалекттыл. Уый тыххæй газет "Слово"-йæн фехъусын кодта рауагъдад "СЕМ"-ы къухдариуæггæнæг, кæцы рауагъта зындгонд уацмыс националон æвзагыл.
"Мах дисы бахаудыстæм, куы нæм æрбацыд курдиæттæ фæсарæнтæй. Уыдон уыдысты коллекционертæ Испани, Итали, Австри, Бельги æмæ туркаг ирæттæ. Уыдон балхæдтой фæйнæ 150 экземпляры дыууæ æвзагыл дæр. Уыдонæн уый уыд сæхи хъæппæрис", — загъта рауагъдады къухдариуæггæнæг.
"Гыццыл принц" тæлмацгонд у дунейы 300 æвзагмæ, 301-æм сси ирон æвзаг. Ратæлмац æй кодтой оригиналæй, францаг æвзагæй профессор Хъамболты Тамерлан æмæ сывæллæтты æмдзæвгæты автор Астемыраты Изетæ. Чиныджы сыфтыл нымыхуыр кодтой Экзюперийæн йæхи конд нывтæ дæр. Чиныг зæрдиагæй агурынц æрмæст коллекционертæ нæ, фæлæ ма йæ активонæй æлхæнынц Ирыстоны дæр. Ирон принц сси иууыл популярондæр уацмыс фæстаг азты.
"Гыццыл принц"-æн хъавынц презентаци саразын Хуссар Ирыстоны дæр. Уый нывæндынц саразын ацы аз сентябры.
Хъуыран æмæ Библийы фæстæ ацы чиныг у æппæты зындгонддæр.