08.08.08: Хуссар Ирыстоны мысыдысты хæсты амæттæгты

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны мысынц гуырдзиаг агрессийы амæттæгты. 2008 азы августы хæстыл фараст азы сæххæстæн ныванд фыдохы мадзæлттæй кадртæ.

Республикæйы къухдариуæгад æмæ æхсæнады минæвæрттæ сæвæрдтой дидинтæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты цыртмæ.

Хуссар Ирыстоны сабыр цæрджытæй чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ ссарынмæ акцийы хайадисджытæ æрбацыдысты "Сыгъд удты музей"-мæ Зары фæндагмæ фæзилæны, кæцыйыл Цхинвалы цæрджытæ фæлвæрдтой артæфтыд горæтæй алидзын.

Афтæ ма Гергиаг асиныл Цхинвалы центры уагъд æрцыд номарæн акци "Рисæй йемыдзаг мысинæгтæ".

Ног хабӕртты лентӕ
0