ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны президенттæ Рауль Хаджимба æмæ Бибылты Анатолий æрдзырдтой фараст азы размæ æрцæугæ цаутыл телефонон ныхасы, хъусын кæны Sputnik Абхазия.
"Ацы бон æнустæм баззайдзæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы цæрджытæй алкæй зæрдæйы дæр. Ацы бон Гуырдзыстон бафæлвæрдта нæ адæмтимæ ахастдзинæдты фарст тыхы руаджы аскъуыддзаг кæнын. Уæрæсейы политикон къухдариуæгад райста æхсарджын скъуыддзаг Хуссар Ирыстон бахъахъхъæныны фæдыл æмæ йæ ма бауадзын зæххимæ сраст кæнын. Рухсаг уæт, хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады сæрвæлтау сæ удтæ чи радтой, уыдон", — загъта Рауль Хаджимба.
Фараст азы размӕ 7 августы хæст райдыдта æмбисæхсæвмæ æввахс, Цхинвалы æмæ горæты алыварс хæдæфсады позициты карз ракетон-артиллерион æхстæй. Æхст нæ сабыр кодта цалдæр сахаты дæргъы, 8 августы райсом раджы горæты æмæ йæ алфамбылæйтты гуырдзиаг Æфсæддон-уæлдæфон тыхты "штурмовик"-тæ райдыдтой калын бомбæтæ. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Æхсты бын фесты уæрæсейаг фидауынгæнджытæ дæр: сæ батальоны æвæрд æнæхъæнæй ныппырх танкты æхстæй, амæттæгты нымæц кодта фылдæрæй фылдæр.
8 августы боны дыккаг æмбисы Уæрæсейы хицауад аскъуыддзаг кодта тугкалд æрлæууын кæнын. Хуссар Ирыстонмæ бацыдысты 58-æм æфсады дæлхæйттæ æмæ
Æфсæддон-десантон тыхтæ. Райдыдта Гуырдзыстоны сабырадмæ тыхæй æркæныны операци. Уый кæронмæ бахæццæ 12 августы гуырдзыстоны капитуляцийæ.