Уадзæн пункт "Уæллаг Ларс"-ы сæвзæрд бирæкилометрон радтæ

© Sputnik / Дзерасса БиазартиВерхний Ларс
Верхний Ларс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацæугæ улæфт бонты 40-градусон æнтæфы арæныл автотранспорты рæнхъытæ адаргъ сты суанг 800 машинæйы онг, æнхъæлмæ кæсын хъуыд æхсæз сахаты

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Уæрæсейаг-гуырдзыстойнаг арæныл сæвзæрд бирæкилометрон радтæ: сæдæгай машинæтæ æрæмбырд сты уадзæн пункт "Уæллаг Ларс"-ы, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Автотранспортон змæлды æхгæды аххосæг уыд Гуырдзыстоны курорттæм цæуæг туристты нымæц.

"Арæзт æрцыд æмгуыстад æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадимæ, радгæсад хæссынц тагъд æххуысы машинæтæ, адæмæн фыццаг æххуыс бакæныны тыххæй, уымæн æмæ лæууы тынг æнтæф. Ӕвæрд дзы ис биотуалеттæ, баласынц продукттæ æмæ дон", — радзырдта Цæгатирыстойнаг таможнæйы службæйы сæргълæууæг.

Республикæйы таможнæйон службæйы информацимæ гæсгæ, "Уæллаг Ларс"-ы пунктæн йæ бон уыйбæрц машинæтæ ауадзын нæу.

Æппæтæй фылдæр дзы иу суткæмæ ацæуæн ис 4 мин адæймагæн. Абоны онг та сæ нымæц у 3 хатты фылдæр. Ныртæккæ Уæллаг Ларсы кусынц уæлæмхасæн сменæтæ, архайынц æхсæвæй-бонæй. Бынаты сты таможняйы посты æмæ контролон-уадзæн пункты разамынд. Цæмæй бæлццæттæ комкоммæ фæндагмæ ма цæуой, уый тыххæй дзы рад хæссынц полицийы кусджытæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0