Уæрæсе рахицæн кæндзæн Абхазæн 6 миллиард сомы бæрц инвестицитæ

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæРабочая поездка президента РФ Владимира Путина в Абхазию
Рабочая поездка президента РФ Владимира Путина в Абхазию - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы президент Владимир Путин ныццыд Абхазмæ дыццæджы, 8 августы кусæгон визитимæ

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Уæрæсе рахицæн кæндзæн Абхазæн 6 миллиард сомы бæрц инвестицитæ 2017-2019 азæн инвестпрограммæйы фæлгæтты, хъусын кæны Sputnik Абхаз уæрæсейаг президент Владимир Путины ныхæстæ.

"Уæрæсе дарддæр дæр уыдзæн ахъаз Абхазы социалон-экономикон райрæзтæн, фидарæй хъахъхъæндзæн йæ æдасдзинад, кæндзæн алыварсон политикон æххуыс", — фехъусын кодта Владимир Путин уæрæсейаг-абхазаг бадзырдты фæстиуæгæн.

УФ президент Владимир Путин. Архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путин: Саакашвили 2008-æм азы хæст йæхæдæг нæ райдыдтаит

Уый банысан кодта, республикæйы къухдариуæгад йæхи фарсы æрдыгæй кæй аразы арæхстджын къахдзæфтæ Абхазы æхсæнадæмон-барадон статус фæфидардæр кæнынæн.

Путин бахахх кодта, фембæлды рæстæджы хъусдард здæхт кæй æрцыд Абхазы размæцыды фарстæн, куыд нырыккон паддзахадæн эффективон экономикæимæ.

"Дæргъвæтин стабилон размæцыдæн уавæртæ саразыны нысан у инвестпрограммæ дæр, кæцыйы тыххæй ныртæккæ дзырдта президент дæр. Йæ финанскæнынады гуырахст 2017-2019 азтæн у 6 миллиард соммæ æввахс", — загъта уæрæсейаг лидер.

Путин зæрдыл æрлæууын кодта, январь-марты дыууæ бæстæты æхсæн базарады зилдух кæй фæфылдæр 6,5% бæрц, Уæрæсемæ Абхаз сæйраджыдæр экспортмæ æрвыста хæлц, дыргътæ æмæ халсартæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0