ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы цæрджытæ хъаст кæнынц нуазыны доны хъуагдзинады фæдыл. ПУК "Водоканал"-ы сæргълæууæг Зассеты Сергей куыд фехъусын кодта, афтæмæй цæхæрæдæтты хицæуттæ нуазыны дон кæй ауадзынц сæ зæххы фадгуытæ донхæрмæ, уыимæ баст у проблемæ.
"Донифтонгады гуырахст нæ фæкъаддæр. Уый горæтмæ цæуы æрвылбонон гуырахсты, фæлæ сæрдыгон рæстæг цæрджытæ парахатæй донхæр кæнынц сæ цæхæрæдæттæ æмæ резервуартæ æвиппайды раафтид вæййынц", — загъта Зассеты Сергей.
Уый банысан кодта, "Водоканал"-мæ кæй цæуынц бирæ адæм доны хъуагдзинады фæдыл хъæстытимæ.
"Мах радгай фылдæр кæнæм донифтонгады гуырахст, цы районтæй цæуы фылдæр хъæстытæ, уырдæм", — загъта паддзахадон куыстуаты къухдариуæггæнæг.
Ӕртыццæджы донифтонгадимæ проблемæтыл хъаст кодтой Харебаты Исахъхъы уынджы æмæ Цхинвалы кæройнаг районты цæрджытæ.
"Водоканал"-ы диспетчерон службæйы бамбарын кодтой, Харебаты Исахъхъы уынгыл кæй æрцыд авари æмæ куыддæр йæ фæстиуджытæ иуварс æрцæуой, афтæ дон ратдзысты ацы районмæ. Кæцыдæр уагдæтты дон нæ цæуы ныр æртыккаг бон, уырдæм та дон бахъуыд цистернæты баласын.