ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik. Цхинвалы, хицауады хæдзары бæстыхайы залы цыппæрæмы æрбайгом равдыст "Фыдæлты ном арынæн", цы ран уыдысты æвдыст Къацты Вадим æмæ скульптор Кæсæбиты Андрейы куыстытæ. Равдыст, æнæдызæрдыгæй, ссис стыр культурон мадзал Хуссар Ирыстоны цæрджытæн.
Равдысты цы куыстытæ уыд, уыдоны фылдæр хай конд уыдысты националон темæйы æмæ зонгæ кодтой Ирыстоны бирææнусон историимæ. Уыдонмæ кæсгæйæ, æнцонæй базонæн уыд ирон адæмы æгъдæуттæ æмæ мифологийы сюжеттæ, иуæй иу куыстыты уыдысты æвдыст нæ æрдзы зонгæ пейзажтæ.
"Равдыст "Фыдæлты ном арынæн" нывонд у мæ райгуырæн бæстæйæн. Мæ куыстытæ иууылдæр сты конд националон темæйы, уыдоны сты æвдыст нæ историкон ивгъуыды сюжеттæ. Афтæ æз дзурын мæ адæмы тыххæй æмæ мæнæн уыд нысаниуæгджын уыдон райгуырæн бæстæйы равдисын", — загъта нывгæнæг Къацты Вадим.
Петербургаг нывкæнынады академийы рауагъдон Къацты Вадим, цæры æмæ кусы Санкт-Петербурджы, фæлæ афæдз дыууæ хатты æнæмæнгæй æрцæуы Ирыстонмæ.
Кæсæбиты Андрейы скульптурæтæ дæр дисы æфтыдтой сæ аллегори æмæ мидисæй. Автор судæгас кæны бæлас, уымæн ратты нарты Сырдоны фæлгонц, науæд та алæмæттаг сагы хуыз. Скульпторы куыстытæ адæймаджы нæ фæуадзынц сæ цурæй. Кæсæбиты Андрейы куыстытæн арæх вæййы равдысттæ Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты, уыдон хорз зонгæ сты аивады табугæнджытæн. Скульптор цæры æмæ кусы Цхинвалы.
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий дæр фæуазæг равдыстмæ æмæ загъта бузныг хайадисджытæн культурон бæрæгбоны тыххæй, кæцы уыдон балæвар кодтой сæ райгуырæн къуымæн.
"Алыхатдæр æхсызгон вæййы ахæм мадзæлтты хайад исын. Ам цы куыстытæ сты æвдыст, уыдон цыфæнды ныхæстæй дæр хуыздæр дзурæг сты Ирыстоны культурæ æмæ историйыл. Фидарæй мæ уырны, иу ахæм адæймаг дæр кæй нæй, ацы куыстытæ ирд тæлмæнтæ кæуыл нæ ныууагътой", — загъта экспозицийы æрбайгомы рæстæджы паддзахады сæргълæууæг.
Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты цæдисы сæргълæууæг Цхуырбаты Тамерлан дæр банысан кодта мадзалы ахсджиагдзинад æмæ равдыста ныфс, цæмæй ахæм цаутæ цæуой арæхдæр.