Цæгат Ирыстоны цæрæг ссардта йæ цæхæрадоны минæ

© ГУ МЧС по Воронежской области /  Ахизын медиабанкмæУничтожение боеприпасов времен ВОВ
Уничтожение боеприпасов времен ВОВ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы барадхъахъхъæнæн органтæм бацыд хъусынгæнинаг бынæттон цæрæгæй, кæцы ссардта хæстæрмæг йæ зæххы фадыгыл арæзтадон куыстытæ æххæст кæныны рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Росгвардияйы кусджытæ сæдас кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты заманы минææхсæн нæмыг. Уый тыххæй фехъусын кодта РИА Новости, ведомствæйы регионалон хайады пресс-службæйы информацийыл æнцойгæнгæйæ.

Работа полиции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Срæмыгъд Цæгат Ирыстоны: фæмард адæймаг

Республикæйы барадхъахъхъæнæн органтæм бацыд хъусынгæнинаг бынæттон цæрæгæй, кæцы ссардта хæстæрмæг йæ зæххы фадыгыл арæзтадон куыстытæ æххæст кæныны рæстæджы.

Нæмыг ссардта поселок Попов Хуторы цæрæг йæ зæххы фадыгыл арæзтадон куыстытæ æххæст кæныны рæстæджы. Цауы бынатмæ æвæстиатæй ацыдысты Росгвардияйы специалисттæ. Нæмыджы басгæрсты рæстæджы уыдон сбæлвырд кодтой, уый кæй у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты заманы минææхсæн нæмыг.

"Хæстæрмæг аластой æдас бынатмæ, цы ран æрцыд куынæг", — дзырдæуы хъусынгæнинаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0