ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий цалдӕр боны ӕмгъуыдмӕ цӕуы отпусчы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-служба.
Уагдоны бамбарын кодтой, отпуск президент "арвитдзӕн йӕ бинонтимӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы".
Уыимӕ иумӕ, паддзахады сӕргълӕууӕг уыдзӕн бастдзинадыл хицауадимӕ ӕмӕ бахъуыды рӕстӕджы раздӕхдзӕн куыстмӕ.