Бынтæ агургæйæ: "Аланты фæд" Хуссар Иры

© Sputnik / Наталья АйриянУчастники этнолагеря "Аланский след" в пресс-центре Sputnik Южная Осетия
Участники этнолагеря Аланский след в пресс-центре Sputnik Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проектты фæлгæтты Турк, Франц, Казахстан, Таджикистан, Венгри, Латви, Донецкаг адæмон республикæйы цæрæг ирæттæ æрцыдысты историкон фыдыбæстæмæ æвзаг, националон истори æмæ традицитæ сахуыр кæнынæн.

ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Sputnik пресс-центры уагъд æрцыд пресс-конференци проект "Аланты фæд"-ы хайадисджытимæ.

Этносы минæвæрттæ дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæтæй адих кодтой сæ тæлмæнтæ историкон фыдыбæстæмæ балцæй æмæ радзырдтой сæ царды тыххæй Ирыстонæн æддейæ.

Анатолий Бибилов и Вячеслав Битаров в селении Нар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий æмæ Битарты Вячеслав фембӕлдысты проект "Аланты фæд"-ы хайадисджытимæ

Не ′мзæххонтæй фæсарæнты чи цæры, уыдонæн ирон æвзаг æмæ культурæ сахуыр кæныны фæдыл æхсæнадæмон проект "Аланты фæд" йæ куыст райдыдта ацы аз 7 августы. Уым райстой хайад этносы 36 минæвары.

Хуссар Иырстоны цы рæстæг сты, уый рæстæджы, проекты хайадисджытæ, фæуазæг сты республикæйы хъæутæм, культурон объекттæм, афтæ ма уыдысты мыггаджы куывды.

Турчы ирон диаспорæйы минæвар Мамсыраты Мурат нымайы, цæрджыты равг æмæ монон тых кæй фæбæрзонддæр ис, йæ амæй размæ æрцыдимæ абаргæйæ. Йемæ разы у Таджикистаны ирон диаспорæйы минæвар дæр – журналист Къамолты Коба. Уый 27 азы мидæг фыццаг хатт æрцыд йæ историкон райгуырæн бæстæмæ.

"Ӕз нæ уыдтæн Ирыстоны 27 азы æмæ фыццаг хатт дæн Хуссар Ирыстоны. Ӕхсызгон мын у, хæст рацæугæйæ, горæт кæй слæууыд йæ къахыл æмæ адæм цæрынц сабырæй. Фæнды мæ, цæмæй Ирыстон дидин æфтауа", — загъта Къамолты Коба.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Таджикистаны ирон диаспорæйы уæнгтæй 300 сæ хъус дарынц Ирыстоны æнтыстытæм æмæ йын йæ адæмимæ маст кæнынц йæ проблемæтыл.

Проекты хайадисæг, венгриаг ясты минæвар, геолог Гуляш Андрашы ныхæстæм гæсгæ, глобализацийы æндæвдадмæ æнæкæсгæйæ, аланты алы фæдон дæр Венгрийы тырны йæ историкон уидæгтæ бахъахъхъæнын.

Рокский тоннель на Транскаме - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Аланты фæд": ӕртӕ бон Хуссар Иры

"Ӕз мæхи æмрæстæджы нымайын ясыл дæр æмæ европæйагыл дæр. Мах 700 азы цæрæм Венгрийы территорийыл æмæ фесæфтам не ′взаг, фæлæ бахъахъхъæдтам нæ традицитæ æмæ æгъдæуттæ. Мах аразæм æппæтдæр, цæмæй баззайæм ястæй",- загъта Гуляш.

Уый радзырдта, Венгрийы кæй ис æнæхъæн район, кæцы у конд 19 цæрæн пункттæ æмæ горæттæй – "Ясшаг". Ацы районы цæрджытæ цалдæр æнусы дæргъы пайда кодтой уæлбартæй.

"Алы адæм дæр хъуамæ зоной сæ уидæгтæ. Мах уыцы хъуыддаджы хорз æмбары нæ мэр, цæмæй мах ма рох кæнæм, кæцæй æрцыдыстæм. Ӕз æрцыдтæн Ирыстонмæ, цæмæй ссарон мæ уидæгтæ. Уымæн æмæ цы адæм нæ зонынц сæ ратæдзæнтæ, уыдонæн нæй фидæн", — загъта Гуляш.

Проект балхынцъ уыдзæн 16 августы. Фыццаг хатт этнолагерь "Аланты фæд" ацыд Цæгат Ирыстоны 2015 азы.

Мадзал ныр æртыккаг аз аразынц Цæгат Ирыстоны нациты æхсæн ахастыты фарстыты фæдыл министрад æмæ Цæгатирыстойнаг фæсивæды цæдис.

Проектты фæлгæтты Турк, Франц, Казахстан, Таджикистан, Венгри, Латви, Донецкаг адæмон республикæйы цæрæг ирæттæ æрцыдысты историкон фыдыбæстæмæ æвзаг, националон истори æмæ традицитæ сахуыр кæнынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0