ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ æмæ кадеттæ афæндараст сты Абхазмæ, æфсæддон-партиотикон сбортæм. Лагеры исынц хайад æрсидтагъоммæ кары фæсивæд Уæрæсе, Сомихстон, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонæй.
Сбортæ уагъд цæуынц 15-29 августы Абхазы уæвæг 7-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйыл.
Ӕдæппæт Хуссар Ирыстонæй ацы мадзалмæ ацыдысты 64 сывæллоны æмæ æхсæз хистæр кары адæймаджы, кæцытæ сæ хъус дардзысты фæсивæды дисциплинæ æмæ æнæниздзинадмæ.
"Ӕфсæддон-патриотикон сборты сæйраг нысаниуæг у æнæниз, спортивон фæсивæды æмæ фыдыбæстæйы аккаг хъахъхъæнджыты хъомылад. Ам фæсивæд арвитдзысты дыууæ къуыри. Ахуыр кæндзысты æфсæддон топографи, æфсæддон медицинæ, рацæудзысты тренингты сæрмагонд комплекстæ. Улæфт бонты та цæудзысты экскурситы Абхазы фенддагдæр бынæттæм", — загъта милицийы булкъон Кобылты Лондæ, кæцы ацыд сывæллæттимæ цæстдарæджы хуызы.
Сбортæ уадзы хæрзаудæн фонд "Хочу верить", Уæрæсе, Абхаз, Сомихстон, Хуссар Ирыстоны æхсæнадон организацитæ æмæ ветеранон цæдисты æххуысæй.