Александровы номыл ансамбль радта концерт Цхинвалы

© Sputnik / Фатима ПлиеваАнсамбль Александрова
Ансамбль Александрова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Номдзыд сфӕлдыстадон коллективы закондӕттӕг органы сӕргълӕууӕг Гасситы Петр схорзӕхджын кодта парламенты Кады грамотайӕ

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Александровы номыл Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамбль радта концерт Цхинвалы. Мадзал ӕрӕмбырд кодта йедзаг зал.

Ибрагим Икаев. Фото из личного архива - Sputnik Хуссар Ирыстон
Икъаты Ибрагим ратдзӕн концерт Цхинвалы

Классикон музыкӕйы райрӕзтмӕ сӕ хайбавӕрды тыххӕй, стӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн хӕларадон ахастытӕ сфидар кӕныны тыххӕй номдзыд сфӕлдыстадон коллективы закондӕттӕг органы сӕргълӕууӕг Гасситы Петр схорзӕхджын кодта парламенты Кады грамотайӕ.

"Мах не "ппӕт дӕр зонӕм, цы ӕгъатыр бӕллӕх баййӕфта ацы коллектив амӕй размӕ Сиримӕ тӕхгӕйӕ, кӕдӕм уыдон цыдысты сӕ интернационалон хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ. Нырмӕ мах ӕмдзӕгъд кодтам коллективӕн сӕ профессионалондзинады тыххӕй, абон та — сӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй", — загъта Гасситы Петр.

Хӕстон зарджытӕ, музыкалон инструменттыл цагъдтытӕ ӕмӕ кӕфтытӕ ивтой кӕрӕдзи, зал уӕлдай хъарм сӕмбӕлдысты ирон хонгӕ кафтыл уӕрӕсейаг коллективы кафджыты сӕххӕстӕй.

© Sputnik / Фатима ПлиеваАлександровы номыл ансамбль Цхинвалы
Ансамбль Александрова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Александровы номыл ансамбль Цхинвалы

Зындгонд музыкалон композициты "хсӕн уыд Гӕздӕнты авд ӕфсымӕры трагедийыл фыст зарӕг "Журавли". Коллектив ацы зарӕг снывонд кодтой 2008 азы хӕсты зынгхуыст Хуссар Ирыстоны хӕстонтӕн ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕн. Паддзахадон киноконцертон зал зарӕгыл сӕмбӕлд лӕугӕйӕ.

Уӕрӕсейы бон Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейы бон Цхинвалы: Ансамбль "Русь", фоторавдыст æмæ ирон хъазт

Александровы номыл Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамбль Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт уыд 2008 азы хӕсты фӕстӕ. Уазджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс республикайы цы ивындзинӕдтӕ рцыд, уымӕй.

"Фыццаг хатт мах Цхинвалы радтам концерт 2008 азы хӕсты фӕстӕ иунӕг залы, уыцы дуджы республикӕ уыд пырх. Уӕд дӕр ӕмӕ ныр дӕр ныл хорз ӕмбӕлы хуссарирыстойнаг кӕсӕг. Уӕдӕй нырмӕ бирӕ фӕивта — арӕзт цӕуынц фӕндӕгтӕ, арӕзтад абухы. Ныр та уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы сабырад ӕмӕ размӕцыд", — загъта ансамблы аивадон къухдариуӕггӕнӕг булкъон Сергей Галкин.

Александровы номыл Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамблы концерт ахаста дыууӕ сахаты бӕрц.

Ног хабӕртты лентӕ
0