Хуссар Иры хицауад ракодта арæнгæрон зонæйæ авд хъæуы

© Пресс-служба КГБ РЮОГраница Южной Осетии и Грузии
Граница Южной Осетии и Грузии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады уынаффæ хауы Знауыры æмæ Ленингоры районты цалдæр хъæумæ, афтæ ма документ рагхыгъд кæны арæнгæрон зонæйы уæвынады ног уагæвæрд

ЦХИНВАЛ, 15 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад ракодта арæнгæрон зонæйæ фондз хъæуы Знауыры районы æмæ дыууæ хъæуы ты Ленингоры районы, хъусын кæны Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ.

Арцев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æртæ бонмæ æрæхгæндзæн йæ арæн Гуырдзыстонимæ

Ведомствæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй 9 августы министрты кабинет райста уынаффæ республикæйы территорийыл арæнгæрон зонæ саразыны æмæ паддзахадон арæны хæрзарæзтады фæдыл.

"Уынаффæмæ гæсгæ арæнгæрон зонæйæ раконд цæуынц Знауыры районы – Бадат, Бахъаты-хъæу, Зиууат, Фæзыхъæу, Дзæгъæлкомы хъæутæ æмæ Ленингоры Павлиаты æмæ Елойты хъæутæ, афтæ ма автомобилон фæндаг Аунеу-Зиууат-Знауры фадыг", — банысан кодтой ПӔК-ы.

Ивындзинæдтæ нæ хауынц арæнгæрон зонæйы фæсарæйнаг æмбæстæгты уæвынадмæ – уыдонæн уырдæм бацыд æмæ уæвынады тыххæй райсын хъæуы индивидуалон кæнæ коллективон пропусктæ, уыимæ иумæ сæм хъуамæ уа гоймагдзинад бæлвырдгæнæн документтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0