Йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы адæмон артисткæ Вера Глаголева

© Sputnik / Нина Зотина /  Ахизын медиабанкмæОткрытие первого Сочинского международного кинофестиваля "Ирида"
Открытие первого Сочинского международного кинофестиваля Ирида - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Актрисæйы фæзианы тыххæй радзырдта йе ′мбал, Лариса Гузеева

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Уæрæсейы адæмон артисткæ Вера Глаголева ахицæн йæ цардæй 62 азы кары, радзырдта РИА Новостийæн артисткæйы æмбал, актрисæ Лариса Гузеева.

Поэт Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нафи - куыд ӕй бахъуыды кодтам, афтӕмӕй

Агентадмæ нырма ницы информаци ис актрисæйы фæзианы аххосæгты тыххæй.

Глаголева райгуырд 1956 азы Мæскуыйы, фыццаг хатт кинойы ахъазыд скъола каст фæуыны фæстæ режиссер Родион Нахапетовы киноныв "На край света"-йы. Фильм райста приз Люблянайы кинофестивалы. Уый фæстæ Вера Глаголева ацыд чындзы Нахапетовæй æмæ ахъазыд йе ′мкъайы кинонывтæй ноджы цалдæры: "Враги", "Не стреляйте в белых лебедей", "О тебе", "Идущий следом", "Зонтик для новобрачных".

Актрисæ ма куыста æндæр режиссертимæ дæр. Виталий Мельниковы фильм "Выйти замуж за капитана"–йы (1985) сæйраг ролы тыххæй Глаголева райста "1986 азы хуыздæр актрисæ"-йы ном "журнал "Советский экран"-ы æрфарсты фæстиуджытæм гæсгæ.

1990 азы уый райдыдта режиссерон куыст, систа ахæм кинонывтæ, куыд "Сломанный свет", "Заказ", "Чертово колесо", "Одна война".

2011 азы Глаголевайæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы адæмон артисткæйы ном.

Ног хабӕртты лентӕ
0