ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Петербургаг медиктӕ райдайдзысты Цӕгат Ирыстоны цӕрджыты консультативон райст проект "Петербурджы дохтыртæ — Ирыстонæн"-ы фӕлгӕтты 16-23 сентябры.
Ӕндæр æмæ æндæр фæдыздæхтты медиктæ басгардзысты пациентты, æмæ сæ фæстиуджытæм гæсгæ, ис гæнæн кæйдæрты арвитой хос кæнынмæ Санкт-Петербурджы клиникæтæм. Уый тыххæй фехъусын кодта Ossetia News, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæйы информацийыл æнцойгæнгæйæ.
"Медикты уæвынады программæ республикæйы уыдзæн тынг гуырахстджын: пациентты райсынӕй дарддӕр ма университеты раззагон дохтыртӕ адих кӕндзысты сӕ фӕлтӕрддзинад сӕ цӕгатирыстойнаг коллегӕтимӕ — уагъд цӕудзысты конференцитӕ, цӕгатирыстойнаг медицинон уагдӕтты медперсоналимӕ фембӕлдтӕ. Сæ балцы рæстæджы, академик Павловы номыл Фыццӕгӕм Санкт-Петербургаг медицинон университеты медиктæ æдзух исдзысты пациентты", — загътой пресс-службæйы.
Петербургаг дохтыртӕ ныр æртыккаг хатт ӕрцыдысты Цӕгат Ирыстонмӕ проект "Петербурджы дохтыртæ — Ирыстонæн"-ы фӕлгӕтты. Йӕ организатортӕ сты РЦИ-А минӕварадтӕ Цӕгат-Ныгуылӕйнаг федералон зылды, Санкт-Петербурджы ӕмӕ Ленинграды областы. Сæ фароны æрцыды рæстæджы петербургаг дохтыртæ Ирыстоны басгæрстой 850 адæймаджы, уыдонæй Санкт-Петербургмæ арвыстой 250 рынчыны, кæцытæн æнæаргъæй сарæзтой бæрзондтехнологион операцитæ петербургаг клиникæты.