Ӕххæстбарджын минæвар сарæзта комментари Меаракишвилийы алыварс уавæрæн

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæМинистр иностранных дел Южной Осетии Мурат Джиоев
Министр иностранных дел Южной Осетии Мурат Джиоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джиоты Мурæт бахахх кодта, Тамара Меаракишвили кæй у Хуссар Ирыстоны æмбæстаг æмæ йæ ныхмæ хуссарирыстойнаг барадхъахъхъæнæг органтæ цы равзæрст уадзынц, уый у республикæйы мидæггагон хъуыддаг

ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik. Гуырдзыстоны хицауад Хуссар Ирыстоны цæрæг æмæ æмбæстаг Тамара Меаракишвилийы тыххæй цы хъæлæба сарæзта, уый у республикæйы мидхъуыддæгты гуымир ныхилæн, фехъусын кодта фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.

Сопредседатели Женевских дискуссий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурӕт: Хуссар Иры катайы ӕппары НАТО-йы позициты ӕрфидар Гуырдзыстоны

"Тамара Меаракишвили у Хуссар Ирыстоны æмбæстаг æмæ йæ ныхмæ хуссарирыстойнаг барадхъахъхъæнæг органтæ цы равзæрст уадзынц, уый у Хуссар Ирыстоны мидæггагон хъуыддаг æмæ нæу æхсæнадæмон æмвæзадыл уынаффæты темæ. Гуырдзыстоны хицауад, уый нымæцы афтæ хуыйнæг æмбæстагон æмбарад æмæ бафидыды фарстыты фæдыл министр цы ныхæстæ фехъусын кодтой, уыдон сты гуымир ныхилæн митæ Хуссар Ирыстоны мидæггагон хъуыддæгты", — загъта æххæстбарджын минæвар.

Уый бамбарын кодта, барадхъахъхъæнæг органтæ Меаракишвилимæ кæй фæдзырдтой æрфарстмæ, уымæн йæ аххосæг ссис "Хуссар Ирыстоны æмбæстаг йæ ныхмæ цы хъаст бадæтта уый, уыдæттæ та сты мидæггагон æмбæстагадон хъуыддæгтæ". "Барадхъахъхъæнæг органтæ æххæст кæнынц сæ куыст æмæ уыцы хъуыддæгты хи тъыссын, уыдон политикон æмæ æхсæнадæмон фæзуатмæ ракæныны фæлварæнтæ сты æнæбындур", — бафтыдта Джиоты Мурæт.

Ног хабӕртты лентӕ
0