Дунейы чемпионат: Иры богалтӕ хъахъхъӕндзысты авд бӕстӕйы кад

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæВольная борьба
Вольная борьба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дунейы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй цӕудзӕн Парижы 25-26 августы

ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik. Дунейы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ирон богалтӕ хъахъхъӕндзысты авд бӕстӕйы спортивон кад. Аст хъӕбысхӕцӕджы хицӕн бӕстӕты ӕмбырдгӕндты сконды афӕндараст уыдзысты Парижы цӕуӕг дунейон ерыстӕм, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Тедеты Дзамболат æмæ Рæмонаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Дзамболат: Рæмонаты Сослан рауадздзæн дунейы чемпионат Парижы

Дунейы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй цӕудзӕн Парижы 25-26 августы.

Ирон богалтӕ ис Украина, Словаки, Азербайджан, Сомихстон, Беларусь ӕмӕ Испанийы ӕмбырдгӕндты сконды. Ӕнтыстджын уыдысты ӕвзӕрстон турнирты уӕрӕсейаг ирон богалтӕ дӕр, фӕлӕ нырма УФ спортивон хъӕбысхӕсты федераци нӕ ныммыхуыр кодта ӕмбырдгонды сконд.

Амӕй размӕ Уӕрӕсейы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты сӕйраг тренер Тедеты Дзамболат фехъусын кодта, дунейы чемпионатмӕ балцӕгтӕ сӕхицӕн кӕй бакодтой Гогаты Алан, Цӕболты Хетӕг ӕмӕ Уалыты Владислав.

Спорты министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, иууыл стырдӕр уӕзы (125) архайдзысты дыууӕ ирон богалы Зассеты Ален ӕмӕ Гаглойты Сослан, уыдон раразмӕгонд 'рцыдысты Украина ӕмӕ Словакийӕ. Словакийы спортивон кад 86 кг уӕзы дӕр хъахъхъӕндзӕн ирон богал — Макъоты Борис. Дунейон ерысты гауызмӕ рахиздзысты дыууӕ ирон хъӕбысхӕцӕг Азербайджаны номӕй — Гоститы Александр ӕмӕ Ӕлборты Асланбег.

Уымӕй дарддӕр ма Кетойты Георгий архайдзӕн Сомихстоны номӕй, Колыты Георгий та Беларусы. Фриты Таймураз та раздӕрау хъахъхъӕндзӕн Испанийы спортивон кад.

Ног хабӕртты лентӕ
0