Хуссар Иры тыхон структурæтæ агурынц скъолайы бомбæ æвæрды тыххæй фыстæджы авторы

© Sputnik / Наталья АйриянХъорнисы скъола
Хъорнисы скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъолайы бомбæ æвæрды информацийы тыххæй афыстæг ссардæуыд Хъорнисы хъæуы, республикæйы барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ 'вæстиатæй фæхæццæ сты уырдæм æмæ басгæрстой бæстыхай

ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ бæлвырд кæнынц авторы гоймагдзинад, кæцы ныууагъта афыстæг хъусинагимæ, зæгъгæ, Знауыры районы Хъорнисы хъæуы скъолайы æвæрд ис минæ, загътой Sputnik республикæйы паддзахадон æдасдзинады комитеты.

"Къуырисæры райсомæй Хъорнисы скъолайы ссардæуыд афыстæг, цы ран хъусын кодтой, зæгъгæ, бæстыхайы ис æвæрд минæ. Барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ 'вæстиатæй ацыдысты бынатмæ æмæ ауагътой басгæрст. Куыд æнхъæл уыдыстæм, афтæ бæстыхайы ницы ссардтам", — радзырдта ПӔК-ы минæвар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ барадхъахъхъæнæг органтæ агурынц анонимы, кæцы баппæрста скъоламæ бомбæйы тыххæй хъусинагимæ афыстæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0