Хуссар Иры райсдзысты куыстмæ Уæрæсейы МХМ ахуыргæнæндæтты рауагъдонты

© Sputnik / Наталья АйриянМВД
МВД - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министр фембæлд уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæн уагдæтты рауагъдонтимæ æмæ сын радта дзырд, алчидæр сæ кæй æрцæудзæн куыстифтонг

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрад (МХМ) райсдзæн кусынмæ Уæрæсейы МХМ-ы уæлдæр ахуырадон уагдæтты 17 рауагъдоны, кæцыты фондз азы размæ арвыстой ахуырмæ æхсæнведомствæйон æмгуыстады хаххыл. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ-ы пресс-службæ.

"Сымахæн рахицæн кæндзысты куысты бынæттæ нæ ведомствæйы æндæр æмæ æндæр дæлхайæдты, уæ профилон дæсниадмæ гæсгæ", — загъта министр Наниты Игорь.

Уый бамбарын кодта йæ суинаг дæлбар кусджытæн уагдоны раз æвæрд хæстæ æмæ уыдонæй рахицæн кодта организацигонд фыдракæндты ныхмæ тох.

МВД - Sputnik Хуссар Ирыстон
Министр: Хуссар Иры МХМ фæкъаддæр кæндзæн йæ кусджыты нымæц 300-йы онг

"Уый сæйраджыдæр у организацигонд фыдракæндты ныхмæ тох, æхсæнадон уагæвæрд æмæ æмбæстæгты æдасдзинад, закондзинад æмæ дисциплинæйы хъахъхъæд. Уыдон сты фыццаградон хæстæ, кæцытæ уæ бахъæудзæн æххæст кæнын. Нæ дызæрдыг кæнын, сымахæй алчидæр хорз кæй æмбары, цы бæрндзинад уыл æрцыд æвæрд, уый", — балхынцъ кодта Наниты Игорь.

Ӕрвылаз дæр Уæрæсейы МХМ-ы системæйы уæлдæр ахуырадон уагдæттæм æрвыст цæуынц Хуссар Ирыстоны абитуриенттæй дыууын адæймаджы бæрц. Фыццаг хатт нысанмæздæхт бынæттæ республикæйæн рахицæн кодтой 2007 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0