"Vincenzo" равдисдзæн комкоммæ эфиры ирон богалты тохтæ Парижы

© Sputnik / Наталья АйриянВинченцо
Винченцо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ресторан ауадздзæн акци ирон богалты фарсхæцынæн, кæцытæ сæ тыхтæ бавзардзысты Уæрæсейы æмбырдгонды сконды Дунейы чемпионаты Парижы

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Ресторан "Vincenzo" Цхинвалы ауадздзæн акци ирон богалты фарс хæцынæн, кæцытæ майрæмбоны сæ тыхтæ бавзардзысты Уæрæсейы æмбырдгонды сконды уæгъдибар хъæбысхæстæй Дунейы чемпионаты Парижы, радзырдта Sputnik уагдоны хицау Уалыты Альберт.

Уæгъдибар хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Париж фенын æмæ рамбулын: æртæ ирон богалы стох кæндзысты дунейы чемпионаты
Ирыстойнаг атлеттæ Уалыты Владислав, Цæболты Хетæг æмæ Гогаты Алан хъахъхъæндзысты Уæрæсейы кад уæгъдибар хъæбысхæстæй дунейы чемпионаты Парижы. Комкоммæ трансляцитæ францаг столицæйæ райдайдзысты майрæмбоны 10:00 сахатыл æмæ адарддæр уыдзысты суанг изæрмæ.

"Майрæмбоны æнæхъæн бон рестораны кусджытæ кусдзысты Уæрæсейы æмбырдгонды хæдæтты. Ӕмбырдгонд æмæ не ′мзæххонты тохтæм рестораны уазджытæн уыдзæн фадат кæсын комкоммæ эфиры. Ӕртыккаг уæладзыгыл верандæйы уыдзæн æвæрд стыр проектор, ныртæккæ фæзуат уым рацарæзт цæуы сæрмагондæй уыйы тыххæй", — загъта Уалыты Альберт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, акци арæзт цæуы уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренер Тедеты Дзамболаты хъæппæрисæй, кæцы вæййы "Vincenzo"-йы арæх уазæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0