Банымады 9 азмæ: Хуссар Иры альпинисттæ æрсагътой Бурсамдзелы бæрзæндыл тырыса

© Sputnik / Кацты КазимирБурсамдзелмæ схызт
Бурсамдзелмæ схызт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Альпинистты къорд 15 адæймаджы скондæй Ирыстоны бæрзонддæр хæхтæй сæ иуыл - Бурсамдзелы бæрзæндыл æрсагътой Иры тырыса æмæ ныуагътой фыстæг сæ фæдонтæн

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Уæрæсейы æрдыгæй банымайыныл 9 азы сæххæсты цытæн альпинистты къорд схызт республикæйы бæрзонддæр хæхтæй иумæ — Бурсамдзелмæ, фехъусын кодта Sputnik балцы организатортæй иу Къæбысты Георгий.

Бурсамдзел æвæрд у денджызы æмвæзадæй 3670 метры бæрзæндыл. Хонынц ма æй Бурхох æмæ Хурбадæн хох дæр. Ирон адæмы фыдæлтæм нымад цыд хуры бардуаджы кувæндоныл.

"Ӕртæ Георгиййæ — Санахъоты, Къæбысты æмæ Бестауты — сфæнд кодтам Бурсамдзелы хохмæ схызт саразын. Бамбал нæм сты не ʻмгæрттæ дæр æмæ æмткæй 15 адæймаджы скондæй басастам ацы бæрзæнд. Нæ балц нывонд у республикæйы суверенитеты банымадыл 9 азы сæххæстæн. Сыгъдæг хохы бæрзондæй, æгъдаумæ гæсгæ, ракуывтам Ирыстоны хорз сомбонæн", — загъта Къæбысты Георгий.

© Sputnik / Къацты КазимирБурсамдзелмæ сцыд
Бурсамдзелмæ сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Бурсамдзелмæ сцыд
© Sputnik / Кацты КазимирБурсамдзелмæ схызт
Бурсамдзелмæ схызт - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Бурсамдзелмæ схызт
© Sputnik / Къацты КазимирБурсамдзелмæ сцыд
3/3
Бурсамдзелмæ сцыд
1/3
Бурсамдзелмæ сцыд
2/3
Бурсамдзелмæ схызт
3/3
Бурсамдзелмæ сцыд

Уый ма банысан кодта, Бурсамдзелы хохы бæрзæндыл бæрæгбоны цытæн кæй æрсагътой Иры тырыса, афтæ ма систой, сæ разæй ацы хъохы цъупмæ чи схызт, уыдон капсулæ æмæ дзы нывæрдтой ног.

Ног хабӕртты лентӕ
0