Цæгат Ирмæ бахизæн сфæлынддзысты алайнаг хъæбатырты скульптурæтæ

© Ossetia News / Ossetia NewsАлайнаг хъæбатырты скульптурæ
Алайнаг хъæбатырты скульптурæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Алайнаг хъæбатырты скульптурæтæ нывæндынц сæвæрын фæндаджы фæйнæ фарс

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Кæсæг-Балхъаримæ Цæгат Ирыстоны арæныл бæлцæттыл æмбæлдзысты алайнаг хъæбатыртæ. Монументалон скульптурæтæ æвæрд æрцæудзысты фæндаджы фæйнæ фарс, хъусын кæны Ossetia News.

Статуя Фатимы, держащей солнце у въезда во Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы уазджытыл æмбæлдзæн горæты ранæуæггонд символ

Проектыл бакуыстой Зæнджиаты æфсымæртæ. Зæнджиаты Вадим у Уæрæсейы нывгæнджыты цæдисы уæнг, Аслан та сарæзта паддзахадон филармонийы дизайн.

"Махмæ æрбахатыд рсепубликæйы фæсивæды инициативон къорд, цæмæй саразæм хъæбатыр аланты монументалон композици. Цалдæр вариантыл бакусыны фæстæ аскъуыддзаг кодтам, уыдон кæй хъуамæ уой 8 метры бæрзæндтæн алайнаг хъæбатыртæ бронзæйæ æмæ хъуамæ уой æвæрд бетонон постаменттыл кæрæдзи ныхмæ. Нæ проект ныридæгæн федта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ йæ банымадта хорзыл", — радзырдта проекты автортæй иу – Зæнджиаты Аслан.

Ныртæккæ цæуы куыст æхсæнадон фонд саразыныл, цæмæй æрæмбырд кæной æнæмæнгхъæуæг суммæ. Афтæ ма нывæндынц ацы хъуыддагмæ амалиуæггæнджытæ æмæ меценатты æрбангом кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0